44 паддзахад, сæ нымæцы Гуырдзыстон, Гаагæйы сразы сты декларациимæ. Кæцы Украинайы Уæрæсейы фыдракæндтыл фæдагуырдæн специалон трибуналы саразынмæ æмæ уырыссаг активтæм æххæссы
Гаагæйы уагъд конференцийыл райстой документ, кæцыйы номхуынд у «Рæстагдзинад сæндидзын кæнын Украинайы». Документ Уæрæсейы æрдгæй Украинайы цы фыдаркæндтæ уыдис уыдоныл фæдагуырдæн специалон трибунал саразын æмæ салд уырыссаг активты Украинайы пайдайæн бахардз кæныны фæдыл у.
Декларацийыл къух æрывæрдтой 44 бæстæйы минæвæрттæ, сæ нымæцы АИШ, Стыр Британи, Германи, Италиа æмæ Гуырдзыстон. Конференцийыл æдæппæт бавдыст уыд 57 паддзахад.
Документыл къухбафыссджытæ фауынц Украинайы нхмæ уырыссаг агресс æмæ йæ æхсæнадæмон сæрфады цæстæйуынгæ халындзинадæй схуыдтой. Документы ис кой ИНО-йы тæрхондоны 2022 азы 16 марты уынаффæйы фæдыл, кæцы Уæрæсе хæстон рхæйдтыты фæуромын хæсджын кæны. Декларацийы фарсхæцæг бæстæтæ иумæйаг тыхархайд стынг кæныны инициативæ бавдыстой, цæмæй Украинайы ныхмæ Уæрæсейы райдайгæ хæсты периоды рабæрæггонд æхсæнадæмон барады алы састыл æмбæлгæ фæдагуырд уа æмæ æмбæлгæ дзуппмæ раттыны фарста слæууа.
Документыл къухбафысджытæ бæлвырд кæнынц цæттæдзина, бакусой специалон трибунал сразыныл, цæмæй Уæрæсе Украинайы ныхмæ цы фыдракæндтæ сыххæст кодта уыдоны тыххæй уаппмæ лæвæрд æрцæуа, уый нымæцы дзырдæуы Уæрæсейы бæрзонддæр æфсæддон-политикон къухдариуæгады æфхæрдыл дæр.
Декларацийы дыккаг хайы дзырдæуы Украинайæн æрхæсгæзианы компенсацийы фарстайыл. Къухбафыссæг бæстæтæ, разы сты зианы реестры скусын кæнынимæ, кæцы райдайдзæн куырдиæттæ исын. Къухбафыссæг паддзахадтæ дзырд дæттынц, цæмæй сæ юрисдикцийы уæвæг уырыссаг активтæ ныййих кæндзысты, цалынмæ Мæскуы нæ бауромдзæн агрессийы Украинайы ныхмæ æмæ нæ бафиддзæн компенсаци æрхæсгæ зианы тыххæй. Уыдон афтæдæр разы сты дискуссиимæ ацы активты æмæ уыдонæй æфтиагы Украинайы пайдайæн бахардз кæныны фарстаимæ.
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба, декларацийы къухбафыссæг бæстæтæн раарфæ кодта æмæ ныфс равдыста, цæмæй специалон трибуналы бакусын рауайдзæн.