Григол Вашадзе – Гуырдзыстоны делегаци Женевæйы консультациты йæ ориентиртæ бынтон æрбайсæфта
Григол Вашадзе – Гуырдзыстоны  делегаци Женевæйы консультациты йæ  ориентиртæ  бынтон æрбайсæфта

Уырыссаг прессæ  уырыссаг  дипломативон   ратæдзæнтыл æнцойæ хæлиу кæны  информацийы, ома Женевæйы  ацы   мæйы куæронмæ плангонд  консультациты  раундыл  Гуырдзыстон, а.х.  Абхазийы  æмæ Хуссар Ирыстоны  Республикæ,  Уæрæсейы Федераци,  Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Женевæйы  консультациты хайадисæг  алы  фарс, нæзагъд скæндзысты  кæрæдзийы æрдæм  тыхæй  спайда кæнынадыл –  уый фæдыл  «Националон Змæлды»  иуæй-иу  лидер  Григол Вашадзе   пресс-конфернцийыл  райхъусын кодта.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  уырыссаг   прессæ    дипломативон   тадзæнæтыл æнцойæ   пайда кæны   уыцы лексикæйæ,  кæцыйыл ахуыр у, фæлæ   фылдæр нысаниуæгджын  у уый æмæ,  уырдыгæй сæвзæрд  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  «æгæр тыхст  комментаритæ»  кæцы нын амоны уый, цæмæй Гуырдзысотны   делегаци Женевæйы  конслуьтацитыл   Уæрæсейæн   сæхæлдта категорион  æркуырд,  кæцы уыд «Националон Змæлды»  позици  ацы  консультациты фыццаг бонæй  райдайгæйæ.

«Сæрмагондæй та  Уæрæсе йæхимæ  ифарсонæй райстаит арадон бæрн Гуырдзыстоны  æрдæм тыхæй  æнæспайдайы фæдыл,   раст афтæ, куыд Гуырдзыстоны  президент Михеил Саакашвили  2010 азы  23  ноябры куыд сарызта, йæ æрвыст фыстæджы  ИНО-мæ, ЕÆÆО-мæ, Евроцæдисмæ  НАТО-мæ æмæ а.д., Гуырдзыстон йæхимæ æхзсæнадæмон  барадон хæсист  райста,  тыхæй æнæспайдайы фæдыл»  – загъта Вашадзе.

ГригоЛ Вашадзейы ныхæстæм гæсгæ,   хъыгагæн зæгъгæ,   Гуырдзыстоны делегаци   Уæрæсейæн,  декларацийы  пропагандистон нысæнттæй  пайда кæныны фадат  ратта.

«Хъыгагæн, ацы  декларацийæ, Гуырдзыстоны  делегаци Уæрæсейæн ратта фадат   пропагандистон нысæнттæн спайда кæна  документæй æмæ  кæм æй æрхъæудзæн уым бæлвырд кæна, цæмæй йæ цæхи нал хъæуы зæгъгæ  иуфарсонæй  æхсæнадæмон  хæисит райсын  тыхæй æнæспайдайы  фæдыл  æмæ   та хъæугæ  кæм уыдзæн, уым йæ зæгъын æй хъæуы,  уым сæхи хъуыдымæ гæсгæйæ  ацы деклараци ма хæсса  æхсæнадæмон  барады цæстæнгасæй,  нæмæнæгхъæуæг равг.

Ныфс мæ ис, цæмæй  рæдийын, фæлæ  информацийæ  бæрæг у, цæмæй  мах афтæдæр   нæзагъд ракодтам  æркуырдыл,  æнæаргъæвгæйæ  сæвзæра æдасдзинады  æхсæнадæмон механизм,   кæцыйæ  цухæй, деклараци нæ фæлæ  Уæрæсейы Федерацийы  къухбафыст  документ кæнæ бадзырд  у  ницæйаг гæххæтт.

Ноджы иу проблемæ, ноджы иу рæмудзæн  гарзæг,  кæцы декларацийы  ис вæрд, уымæ ис ныхас Абхази æмæ а.х. Хуссар Ирыстоы  тыххæй, ай та уый нысан кæны, цæмæй мах  раттам  Женевæйы  форматы  раивыны  бар, оккупацион режимты  минæвæрттæн, кæцытæ æрмæстдæр  хисæрмагонды равгмæ хæссынц  ацы консультациты фæлгæтты, статусы ивд.  Æмæ  æппæты  фыддæр та  уый у æмæ, мах сразы стæм ууыл цæмæй сæм лæвæрд цæуынц  æхсæнадæмон барадон субъективондзинады нысæнттæ. Ацы декларацийы  райстæй, мах бацыдыстæм тынг æвзæр хъазтмæ  Уæрæсеимæ, кæцы бæлвырдæй амоны  уый,  цæмæй  Гуырдзыстоны делегаци, Женевæйы консультациты йæ  ориентиртæ  бынтон æрбайсæфта» –  расидтис Вашадзе.