27 сентябры фыццаг хатт Гуырдзыстон  сфысым кæндзæн Дунейы Туризмы бонæн
27 сентябры фыццаг хатт Гуырдзыстон сфысым кæндзæн Дунейы Туризмы бонæн

ИНО-ы дунейы  туризмы организаци рагафон хъусын кæны Гуырдзыстоны  Дунейон туризмы   бонмæ нывонд   мадзалы  тыххæй.

Организаци  информацийы «Фейсбукы» æмæ «ИНстаграммы»  веб-фарсытыл  публикаци кæны.

«ЙÆ къух сарахæм сомбоны  сабырадæн  абоны балцæй.  Цæй ма  2024 азы Дунейон Туризмы бонæн сабырады  символон   роль раттæм.   Гуырдзыстоны  27 сентябры   культурæтимæ æрзонгæйæ,  æнæфæцудгæ туризмæй æмæ  диалогæй  нæ бон у, туризм   конфликтты  аскуыддзаны æмæ глобалон гармонийы   тыхæй  фестын кæнæм» –  фыст ис  Дунеон Туризмы  организацийы  социалон хызæгты.

МАсштабон   мадзæлтты  фæлгæтты  Гуырдзыстонмæ фæуаззæг уыдзысты  Дунейы  бирæ бæстæйæ  бæрзонд рангы уазджытæ, туризмы министртæ, æхсæнадæмон организациты  минæвæрттæ æмæ туризмы   сферæйы   профессионалтæ. Дунейон туризмы   боны  фæлгæтты   ацæудзæн   дискуссион  панелтæ,  æркæсдзысты   туризмы  райрæзты   дкунейон тенденцитæ æмæ сабырады  нысаниуæг  индустрийы   фæтынгы  æрдгæй.

2023 азы   уалдзæджы   ИНО-йы Дунейы Туризмы организацийы  Европæйы  комиссийы 38 уæнг бæстæйæ  æмхъæлæсонæй сразы  сты   Гуырдзыстоны делегацийы инициативæимæ 2024 азы  Гуырдзыстооны  мадзæлттæ ауадзыны  тыххæй.   Туризмы дунейон  бон, ИНО-йы Дунийы  туризмы  организаци  (UN Tourism) 1979 азæй  алы  азы  27  сентябры   банысан кæны.

 

Информаци хуъсын кæны туризмы националон администраци.