27 октябры Гуырдзиаг Бæллиццы  фарсхæцджыты  æвзарæнон  æмбырд ацæудзæн
27 октябры Гуырдзиаг Бæллиццы фарсхæцджыты æвзарæнон æмбырд ацæудзæн

 

Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй 27 октябры 17:00 сахатыл   ацæудзæн   партийы   фарсхæцджыты  хатдзæгон æвзарæнон æмбырд.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  сæдæгай  мин æмбæстаг   æрымбырд уыдзæн, цæмæй ноджы иу  хатт  равдисой  цахæм у гуырдзиаг адæмы тых, кæцы тох кæны  фыдбылыз  æппынфæстагмæ басæттынæн.

«2 октябры ныл  баууæндыд æвзæрстгæнджыты  47 процент, практиконæй  фæйнæ дыккаг  æвзæрстгæнæг, кæцы нын  дæтты ног стимул  æмæ   ын лæвæры бæрн, дарддæры æртæ азы  дæргъы  бакой  кæнæм  нæ  бæстæйы æмæ адæмы  дзабахдзинадыл. Ацы  уæлахиздзинад  30 октябры  кæронмæ бакæнын хъæуы.  Алчи, кæмæндæриддæр  зынаргъ у нæ бæстæйы фидæн,  сабырдзинад, стабилондзинад æмæ   рæзынад, цыппæрæмы  27 октябры  уæм æнхъæлмæ кæсæм  сæрибары фæзыл», – райхъусын кодта  Ираклий Кобахидзе.