Сæрибары фæзыл Гуырдзыстоны Хæдбарады Бонмæ нывонд мадзал ацыд.
Мадзалы фæлгæтты 247 рекрут æфсæддон ард бахордтой. Уыдон абонæй фæстæмæ уыдзысты Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты æххæстаргъджын уæнгтæ.
Тбилисы параллелонæй ардхæрды церемони ацыд Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионы, фондлз локацийыл: Сванеты- Ушба æмæ Тетнулды цур, Ачъарайы – пПетрайы гæнахы, Самцхе-Джавахеты – Параваны цадыл, Кахеты – Некресы моладзандон комплексы æмæ Сыгъдæг горæт Мцхетайы.
Сæрибары фæзыл бавдыст уыд гуырдзиаг кондад «Дельтайы» уагхд згъæрмашинæтæ – «Didgori Warrior», «Didgori Medevak», «Didgori 3».
Сæрибары фæзыл бавдыст афтæдæр уыд гуырдзиаг æфсадмæ уæвæг згъæртранспортертæ – «Хамер», MaxPro, «Вулф» æмæ сармадзанхотыхтæ – «Дана», æмхæстгæнæг реактивон системæ «Лар-160», уæлдæфыныхмæ хæдтулгæ «Атлас», згъæрмашинæтæ.