26 май ацы аз зонынады фæхай кæныны нысаниуæгæн нывонд у æм йæ слоган у – зонынад нæ бакæны сæрибардзинадмæ
Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон ацы аз зонынад фæхай кæныны æмæ йæ нысаниуæгмæ нывонд у æмæ йæ сæйраг коммуникацион фразæ у #გააზიარეცოდნა (#фæхайкæнзонынад).
2019 азы Хæдбардзинады Бонмæ гæсгæ мадзæлттæ æмæ коммуникацион кампанитæ ацы темæйы алыварс сты иугонд.
Фæнысанкæнинаг у кампани «Бафæрс мæ Моамбе», кæцы специалонæй ацы бонмæ арызт «Фейсбукы» фарсы æмæ хуынд уазджыты фæрцы радзуры уыцы адæймæгты тыххæй, кæй нæмттыл уынгтæ ис Тбилисы.
Ацы азы ногдзинæдт æхсæн Хæдбардзинады боны символон кульминаци 17:10 сахатыл, кæцы гимны иумæйагæй сæххæстæй банысан уыдзæн. Ай у уыцы рæстæг, 1918 азы 26 майы Ноэ Эорданиа, Фыццаг демокративон Республикæйы сæрдар, Райхъусын кодта Гуырдзыстоны Хæдбардзинады тыххæй.
Гимн «Сæрибардзинад» Гуырдзыстоны масштабæй, сæйраг фæзуаттыл, поездты æмæ автобусты айзæлдзæн. Ацы азы ногдзинæдты æхсæн ис Хæдбардзинады боны банысан кæнын хозы. 25-26 майы сæрмагонд фестивалтæ цæуынц Сванеты цæрджытæнæ æмæ хозы уазджытæн æртæ æндæр æмæ æндæр раны – Местиайы, Тетнулды æмæ Хешкилы.
Ногсидтонты ард бахæрыны церемони традиционæй 26 майы, 12:00 сахатыл райдайдзæн. Церемони Тбилисы, Сæриабры фæзуатыл æмæ иурæстæгонæй æндæр æмæ æндæр регионты ацæудзæн – Уплисцихейы, Анануры, Гремы, Зугдиды æмæ Мравалдзалийы.
Æппæт Гуырдзыстоны масштабæй уынгтæ æмæ аэропорттæ срæсугъд кодтой 26 майы тырысатæй, Тбилисы æмæ регионты – 14 æндæр æмæ æндæр сахары ацæудзæн Хæдбардзинады бонмæ нывонд культурон, спортивон æмæ ивхæрсæн мадзæлттæ, сæны дегустаци, амалиуæгон базартæ, театралон равдыстытæ, концерттæ, кæцыты хайад исдзысты номдзыд гуырдзиаг зарæггæнджытæ æмæ музыкæйы архайджытæ.
26 майы мадзæлтты кæрон Тбилисы, Сæрибардзинады фæзуатыл лæвæрд æрцæудзæн концерт, кæцы уагъд цæуы Æхсæнадон Телеынынады æмæ мэрийы иумæйаг тыхтæй.
Сценæ лæвæрд æрцæудзæн проект «Ранинайы» финалмæ. Банысан кæнинаг у, цæмæй хицæн секторы бастдзинад Хæдбардзинады бонмæ нывонд мадзæлтты, æрвылазонæй рæзы.
26 майы мадзæлтты баст сты алы паддзахадон структурæ æмæ сын координаци кæны Гуырдзыстоны хицауады администраци.