2023 азы фыццаг январæй, дохтыртæ æмæ медицинон хотæн минималон сахатгай мызды уаг сфидар уыдзæн
Гуырдзыстоны, фæллойады, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министрады информацийæ, 2023 азы фыццаг январæй, дохтырты æмæ медицинон хотæн, минималон сахатгай мызд снысан уыдзæн. Сæрмагондæй та, дохтырæн минималон мызд сахаты мидæг авд ларийæ, мæйы мидæг 1 260 ларимæ хæстæг, медицинон хоты мызд та 4.4 ларийæ, мæйы мидæг 792 ларийы бæрц уыдзæн.
Министрады информацийæ, мызд фæфылдæр уыдзæн 9 000-ы онг дохтыр æмæ 8000-æй фылдæр медицинон хойæн.
Афтæма сæ хъусинагæй, медицинон секторы кусæн уæнгты куысæн мызды минималон арæн снысан кæныны фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр Зураб Азарашвили 2022 азы райдайæны рагафон райхъусын кодта.
Уыимæ, уагдоны информацийæ, реформæмæ гæсгæйæ, иннæ азæй, æппæтадæмон æнæниздзинад хъахъхъæнынады паддзахадон программæйы баст алы клиникæйы къухдариуæг, хæсджын уыдзæн, медхоты æмæ дохтырты мыздтæ, æнæнизхъахъхъæды министрады бавдыст минималон арæнмæ æмбæлгæйæ сбæрæг кæна. Ног регуляцийæ, мыздты рæзт баххæсдзæни 9 000-ы онг дохтыр æмæ 8000-æй фылдæр медицинон хомæ.
«Банысан кæнын хъæуы, цæмæй фæстаг азты бирæ бæстæ, ныллæг мыздты проблемæ кæрон скæныны æмæ аккаг мызды политикæ ауадзыны нысанæн, сфидар кодта уæвæг кæнæ æрбайста минималон мыздты практикæ. Минималон мыздыл æрдзырдтой ИНО-йы уæнг бæстæты 90%», – банысангонд у æнæнизхъахъхъæды министрады информацийы.