2022 азы хатдзæгон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны тахтытæ 88%-æй, æрмæст бæлццæтты къада та 85%æй сног ис
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады хицауадон барады юридикон уæнг æмбæстагон авиацийы хатзæгон бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, 2022 азы Гуырдзыстоны аэропорттæ, æмтгæй райсгæйæ 4 441 316 бæлццонæн балæггад кодтой, кæцы 78%-æй фылдæр у 2021 азы аналогион периоды бæлццæтты къадæйæ, 2019 азы цы æмбæстæгты аластой уыдоны нæмцимæ абаргæйæ та, бæлццæтты къадайы сногы бæрæггæгæн 85% бæрц у.
Æмбæстагон авиацийы агентады информацийæ, ивгъуыд азы, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорт балæггад кодта 2 998 785 бæлццонæн. Рæзт 2021 азы аналогион приодимæ абаргæйæ у 78%.
«Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты уылты аластой 796 063 бæлццоны. Бæлццæтты къада 2021 азимæ абаргæйæ 182%-ы бæрц у. 2019 азимæ абаргæйæ та, Кутаисы аэропорты бæлццæтты къадайы сæндидзын кæныны бæрæггæгæн 91%-мæ æххæссы.
Батумы æхсæнадæмон аэропорт балæггад кодта 616 885 бæлццонæн. Рæзт 2021 азимæ абаргæйæ 20%, æрмæст 2019 азимæ абаргæйæ та, бæлццæтты къадайы сногы бæрæггæнæн 99% у.
2022 азы, Гуырдзыстоны аэропортты æмтгæй зæгъгæйæ 21 430 рейс сыххæст ис. Уыдонæй регулярон рейсты нымæц уыд 16 290, чартерты та – 5 140. 2021 азы сыххæст тахтыты нымæцимæ абаргæйæ, рейсты нымæц 43%-æй райрæзтис, æрмæст 2019 азы аналогион периодимæ абаргæйæ та, сногы бæрæггæнæн 88% у. Фыццаг январы уавæрæй, Гуырдзыстоны аэропортты кусы 41 авиакомпани 60 æрдæмадæй. 2022 азы, бæстæмæ бафтыд 9 ног æрдæмад, авиацион базармæ та æрбахызт 10 ног авиакомпни(Condor Airlines, Flyone Armenia, Varesh Airlines, Flyadeal, Armenia Airways, Pars Air, Southwind Airlines, Air Moldova, Thai Air Asia X და FlyArna).