2021 азы Гуырдзыстонæн бахъæудзæн цыппар милуаны онг дозæ вакцинæ – кæцы къордтæ  ацæудзысты вакцинаци фыццаджы дæр
2021 азы Гуырдзыстонæн бахъæудзæн цыппар милуаны онг дозæ вакцинæ – кæцы къордтæ ацæудзысты вакцинаци фыццаджы дæр

Цæмæй  вакцинацийы  нысан сыххæст уа 2021  азы бæстæйæн  бахъæудзæн  3,979,300-ы бæрц дозæ, иммунизацийæн  бæрæг сæфт  хынцгæйæ.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны «Ковид-19»-ы вакцинæйы  æрфидары фæдыл националон палын мидæг дзырдæуы.  Планмæ гæсгæйæ,   рагхыгъдтæ  æмæ  бæрцуаты  бæрæггæнæн  бахыгъд ис 18+ кары  цæрджытæн, уымæн  æмæ абоны бонмæ уæвæг вакцинæтæ  æрмæст  18+ цæрджытæн  сты рагхыгъдгонд.

Приоритетон (бæрзонд рискы) къордтæ  æмæ  фæтк  сты ахæм: æнæнизхъахъхъæды секторы  кусджытæ, нысанон  цæрджытæ 71,415, къорды  аххæсты нысан -65%, низы ныхмæ æфтауинаг контингент 46,420.

Дæргъвæтин кæсыны уагдæтты  бенефициартæ æмæ  персонал,  нысанон цæрджытæ – 2 600, нысанон  цæрджытæ -65%, æмтгæй райсгæйæ  æфтауинаг контингенты  нымæц – 1 560 адæймаг.

75 аздзыд кары уæнгтæ, нысанон цæрджытæ -226 800, къорды  аххæсты нысан -60%, æмтгæй райсгæйæ  æфтауинаг контингенты  нымæц –  197 510  адæймаг.

Эссенцион (сæйраг) сервистæй ифтонггæнджытæ – нысанон  цæрджытæ  180 373, къорды  аххæсты нысан -60%, æмтгæй райсгæйæ  æфтауинаг контингенты  нымæц – 108 224  адæймаг.

55-64 аздзыд кары  уæнгтæ –  нысанон цæрджытæ 478 400, къорды  аххæсты нысан -60%, æмтгæй райсгæйæ  æфтауинаг контингенты  нымæц –287 040 адæймаг.

18-54  аздзыд кары  хроникон низтæй рынчын  уæнгтæ –  нысанон цæрджытæ 89 400, къорды  аххæсты нысан -60%, æмтгæй райсгæйæ  æфтауинаг контингенты  нымæц – 53 640 адæймаг.  Æмтгæй  райсгæйæ  та  низы ныхмæ æфтауинаг  цæрджыты æндæр  къордты нымæц  у  1 434 567 адæймаг,  нысанон та сты 60%,  нымæцмæ гæсгæйæ  860 740 адæймаг.

Æмтгæй райсгæйæ  дзырдæуы  1 691 214 адæймагы тыххæй, кæцы у  цæрджыты  60%.