2018 азы Гуырдзыстоны президент æвзæрст уыдзæн æхсæз азы æмгъуыдæй
28 октябры Гуырдзыстоны президенты æвзæрстгæнджытæ комкоммæ уагæй, æхсæз азы ææмгъуыдæй, 2023 азы онг сывзардзысты.
Президенты æхсæз азы æмгъуыдæй сывзарын уæлвæтк æгъдауæй, иухаттонæй ис гæнæн Гуырдзыстоны ног конституцимæ гæсгæйæ, кæцыый парламент æртыккаг байхъуыстæй цæугæ азы марты сбæлвырд кодта.
Хицаугæнæг бал, конституцийы проекты касты рæстæджы райста политикон уынаффæ, ног конституцийы уагæвæрды фыст æрцыдаит, цæмæй бæстæйы цæрджытæ комкоммæ æгъдауæй, президенты æхсæз азы æмгъуыдæй сывзардзысты.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» фæнысангонд уынаффæйы æфсонæй архайæг президент Гиорги Маргвелашвилийы æмæ хицаугæнæг къорды æхсæн ахастытæ сты зæгъгæ. КОнституцион ивдтыты касты рæстæджы парламенты æмæ конституцион камисы сæрдар Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ уый тыххæй цæмй политикон инсинуацитæ ма сæвзæрдаиккой, цæвиттон фæткдæттæг къорд Гиорги Маргвелашвилиимæ тох кæны æмæ ацы нысанæй президенты комкоммæ уагæй сывзарыны æгъдау ивы, «Гуырдзиаг Бæллицц» уæлвæтк æгъдауæй президенты æхсæз азы æмгъуыдæй сывзарыны инициативæйæ рацыд.
2018 азы 28 октябры президентон æвзæрстыты фæстæ президенты сывзардзæн æвзарæнон коллегий, кæцы скоплект уыдзæн парламенты æмæ хæдуынаффæйы 300 минæварæй. Ног конституци ног президенты инаугурацийы фæстæ бацæудзæн йæ тыхы.