2006 азы фæстæ Гуырдзыстоны ÆМП-ы иу удгоймагыл долларты фæдывæр ис, æмæ лариты та æртывæр фæцис
2006 азы фæстæ Гуырдзыстоны ÆМП-ы иу удгоймагыл  долларты фæдывæр ис,  æмæ лариты та æртывæр фæцис

2006-æм азы фæстæ Гуырдзыстоны æмтгæй  мид продукт иу удгоймагыл,  доллары  райрæзт  2,1  хатт, ларæй та  2,9 хатт.  Сакстаты  хъусинагæй, 2016 азы   бæрæггæнæн уыд  9146,4  лари (3864.6 доллар). 2006-ы та   3133.1  лари уыд (1763.5 доллар).

2016 азы   æмтгæй мид продукт  архайæг æргъты  баххæссыд  34 028,5 милуан   ларимæ, кæцы 7,2 процентæй  фылдæр у  раззаг азы  аналогион  бæрæггæнæнæй.

ÆМП-ы  реалон рæзт  раззаг азмæ абаргæйæ  2,8 процент у,  æрмæст  дефляторы  процентон ивындзинад  уыд  4,2  проценты.

Фæнысанкæнинаг  у, цæмæй Сакстат  2015-2016 азты  бæрæггæнæнты  спайда кодта цæрджыты   æппæтадæмон   æсфысты   ратгæтæй,  раззаг азты бæрæггæнæнты та,  æсфысты размæ  уæвæг демографион ратгæтæй.