20-21 июны акциты рæстæджы къордгай тыхмидзинады хайад райсыны аххосагæй цыппар гоймагы æрцахстой
Полици 20-21 июны æхсæв, акцийы рæстæджы къордон тыхмидзинады хайады райсты тыххæй, тæрхонгæнæджы скуыдздагыл æнцойæ æрцахста цыппар гоймагы- уый фæдыл, мидхъуыддæгты министры хæдивæг Владимер Борцвадзе, уагдоны уагъд брифингыл райхъусын кодта.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ ахст сты 4 адæймаг: 1987 азы гуырд З.Б.; 1980 азы гуырд К.К.; 1994 азы гуырд Ц.С. æмæ 1974 азы гуырд Б.Т.
Сæ фыдракæндæн закъонмæ гæсгæ æмбæлы 6-æй 9 азы онг ахстæй æфхæрд.
«Фæдагуырдæй фæбæрæг ис, цæмæй 20-21 июны æхсæвы, парламенты цур территорийыл цæугæ фæзындты рæстæджы, фæнысангонд уæнгтæ хайад истой тыхмидзинады, кæцыйы ракодтой кордгай, æмæ кæцыйы рæстæджы æндæр æмæ æндæр мигæнæнтæй лæбурдтой барадхъахъъхæнджытæм æмæ сæм быцæу лæууыдысты. Сæрмагондæй та: З.Б. лæдзæгæй æнæ иу хатт балæбурдта æндæр æмæ æндæр барадхъахъхъæнæгмæ æмæ сæм быцæу лæууыд. К.К. полициæгтыл æхста æндæр æмæ æндæр мигæнæнтæ, агрессивонæй сæм лæбурдта æмæ быцæу лæууыд. Ц.С. лæдзæгимæ балæбурдта барадхъахъхæнджытæм æмæ сæ физикъонæй бафхæрдта, Б.Т. та афтæдæр лæбурдта æнæ иу барадхъахъъхæнæгмæ» – банысан кодта мидхъуыддæгты министры хæдивæг.