20-21 июны  акциты рæстæджы къордгай  тыхмидзинады хайад райсыны  аххосагæй  цыппар гоймагы æрцахстой
20-21 июны акциты рæстæджы къордгай тыхмидзинады хайад райсыны аххосагæй цыппар гоймагы æрцахстой

Полици  20-21  июны  æхсæв, акцийы  рæстæджы  къордон  тыхмидзинады хайады райсты тыххæй,  тæрхонгæнæджы  скуыдздагыл æнцойæ  æрцахста  цыппар гоймагы- уый фæдыл, мидхъуыддæгты министры хæдивæг Владимер  Борцвадзе, уагдоны уагъд  брифингыл райхъусын кодта.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ  ахст сты   4  адæймаг: 1987 азы гуырд З.Б.; 1980 азы гуырд К.К.; 1994 азы  гуырд Ц.С. æмæ  1974  азы  гуырд  Б.Т.

Сæ фыдракæндæн закъонмæ гæсгæ æмбæлы   6-æй  9  азы онг ахстæй  æфхæрд.

«Фæдагуырдæй  фæбæрæг ис, цæмæй  20-21 июны  æхсæвы,  парламенты цур территорийыл  цæугæ  фæзындты  рæстæджы, фæнысангонд уæнгтæ хайад истой  тыхмидзинады, кæцыйы ракодтой  кордгай, æмæ кæцыйы рæстæджы  æндæр æмæ æндæр мигæнæнтæй  лæбурдтой  барадхъахъъхæнджытæм  æмæ сæм быцæу лæууыдысты.  Сæрмагондæй  та: З.Б.  лæдзæгæй  æнæ иу хатт балæбурдта  æндæр æмæ æндæр  барадхъахъхъæнæгмæ  æмæ  сæм быцæу  лæууыд. К.К.  полициæгтыл  æхста  æндæр æмæ æндæр мигæнæнтæ, агрессивонæй сæм лæбурдта æмæ быцæу  лæууыд.   Ц.С.  лæдзæгимæ  балæбурдта барадхъахъхæнджытæм  æмæ сæ  физикъонæй  бафхæрдта, Б.Т. та  афтæдæр  лæбурдта  æнæ иу  барадхъахъъхæнæгмæ» –  банысан кодта мидхъуыддæгты министры хæдивæг.