2 августмæ Гуырдзыстоны рæстæгæй–рæстæгмæ æнхъæлмæкæсинаг сты къæвдабонтæ
Æрдзы националон агентады информацийæ, 2 августы онг Гуырдзыстоны рæстæгæй-рæстæгмæ кæъвда боныгъæд у æнъхæлмæкæсинаг.
Синоптикты прогнозæй, Тбилисы фылдæр хурджын бонтæ уыдзæн 31 июл хынцгæйæ дымдзæн цæгат-ныгуылæны дымгæ. Уæлдæфы температурæ бонæй +28,+30 градус уыдзæн.
«Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти) 30 июлы боны кæронæй фыццаг августы сæумæрайсоммæ рæстæгæй-рæстæгмæ уыдзæн къæвда, бонæй та хур ракæсдзæн. 31 июлы гæнæн ис арвнæрд æмæ уад фæтынг уа. Уæлдæфы температурæ бонæй +24,+26 градус сфиксир уыдзæн.
Ныгуылæн Гуырдзыстоны уæлхох районты (Местиа, бахмаро) æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй0-рæстæгмæ къæвда боныгъæд. Уæлдæфы температур бонæй +20, +22 градус уыдзæн.
Картли (Рустав, Болнис, Марнеул, Гардабан, Гур, Цхинвал) ранæй-рæтты æнхъæлмæкæсинаг у цыбыр къæвда, 31 июлы гæнæн ис арвнæрд , ихуарын æмæ уады фæтынг уа. Уæлдæфы температурæ бонæй +29, +31 градус уыдзæн.
Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ,Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаро) ранæй-рæтты æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон къæвда, 31 июлы гæнæн ис арвнæрд, ихуарын æмæ уады фæтынг. Уæлдæфы температурæ бонæй +29, +31 граудс уыдзæн.
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны уæлхох регионты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриан, Гудаур, Омало) ранæй рæтты æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон къæвда, 31 июлы гæнæн ис уа арвнæрд, ихуарын æмæ уады фæтынг. Уæлдæфы температурæ бонæй +20, +22 градус уыдзæн», – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.