19 марды ссардтой Вашингтоны хæдтæхæджы катастрофæйы бынаты
19 марды ссардтой Вашингтоны хæдтæхæджы катастрофæйы бынаты

Вашингтоны Рейганы националон аэропортмæ хæстæг хæдтæхæджы катастрофæйы бынаты 19 марды ссардтой. Уый фæдыл информаци барадхъахъæнджытæ медийы фæрæзтæн сбæлвырд кодтой.

Ирвæзынгæнæн операцийы архайы 300 ирвæзынгæнæгмæ æввахс. Кусын сæ бахъæуы уæззау уавæрты, уымæн æмæ боныгъæд вæййы дымгæджын, митджын, дон та уазал у.

Ирвæзынгæнæн операци адарддæр уыдзæн æнæхъæн æхсæв. Бæрнон кусджытæ æнæхъæн бон парахат кæндзысты æфтауц информаци.

Уæ информацийæ, American Airlines-ы бæлццонон хæдтæхæг 64 адæймагимæ сæмбæлд АИШ-ы æфсады Black Hawk-ы вертолетимæ. Фæмардуæвджыты бæлвырд нымæц нырма бæрæг нæу.