19 майы Гуырдзыстоны иуæй-иу районты уардзæн, гæнæн ис арвнæрд, ихуард æмæ фидар дымгæ дæр уа
Æрдзы националон агентады информацийæ, 19 майы Гуырдзыстоны иуæй-иу районы уардзæн кæъвда, гæнæн ис уа арвнæрд, ихуард æмæ фидар дымгæ.
Афтæма сæ информацийæ, 20-21 майы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у тæвд æмæ сур боныгъæд. Уæлдæфы температурæ 21 майы ныгуылæн Гуырдзыстоны +32, +37 градус, хурыскæсæн Гуырдзыстоны +30, +35 градусмæ схиздзæн.
«22 майы боны дыккаг хайæ ранæй-ран уардзæн. Уæлдæфы температурæ бæстæйы ныгуылæны +25,+30 градусы онг æрхаудзæн, хурыскæсæн Гуырдзыстоны +32,+37 градусмæ схиздзæн.
23-24 майы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ цыбырæмгъуыдмæ къæвда æмæ арвнæрд, ранæй-ран гæнæн ис ихуард. Ныгуылæн Гуырдзыстоны фæуазалдæр уыдзæн, хурыскæсæны та уæлдæфы бæрзонд температурæ (+30,+35 градус) лæудзæн.
Тбилисы 19-22 майы тæвд æмæ сур боныгъæд уыдзæн, 23-24 майы гæнæн ис, цыбырёмгъуыдон къёвда уёлдёфы температурё +33,+35 градус сфиксир уыдзён. 19 майы дымдзён цёгат-ныгуылёны ёрдём фидар дымгё» банысангонд у ёрдзы националон агентады информацийы.