17 азы рацыд 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй. Абон Мухатгвердийы æфсымæрон уæлмæрды августы хæсты фæмардуæвджыты номарæн кад кодтой — Гуырдзыстоны президент, премьер-министр, хицауад æмæ парламенты уæнгтæ. Хъæбатырты мемориалы сæвæрдтой дидинджытæ æмæ тæфæрфæс загътой фæмардуæвæг æфсæддон службæгæнджыты бинонтæн.
2008 азы 7-æм августы сепаратисттæ райдыдтой интенсивон æхстытæ гуырдзиаг хъæутæм, кæцыйы фæстæ райдыдтой фæстæмæ æхст, æмæ 8-æм августы уæрæсейаг оккупацион тыхтæ æрбабырстой Гуырдзыстонмæ. Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны ныхмæ цы хæст райдыдта, уый фæстиуæгæн 411 адæймаг фæмард, 130 мин æмбæстагмæ æввахс сæ хæдзæрттæ ныууадзын бахъуыд, хъæутæ пырхгонд æрцыдысты, Горы горæт æмæ стратегион объекттæ бомбæтæй æхст æрцыдысты. Ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны территорийы 20% нырма дæр Уæрæсейы оккупацигонд у.