16-19 ноябры Гуырдзыстоны рæстæгæй-рæстæгмæ æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ. Уæлдæфы температурæ боны сахаты хуырныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты 17-19 ноябры уыдзæн +10, +15 градус. Информацийы æрдзы нациаоналон агентад хъусын кæны.
Хурыскасан Гуырдзыстоны 18-19 ноябры æрбаддзæн мигъ. Æнхъæлмæкæсинаг у уазал, мигъджын æмæ уымæл боныгъæд. Уæлхоз рæтты уардзæн мит. Тæрф æмæ кæмтты дæр 19 ноябры æнхъæлмæ кæсинаг у митуард. Уæлдæфы температурæ кæмтты 19 ноябры бонафон уыдзæн +1, +6 градус.
Синоптикты прогнозæй, Тбилисы гæнæн ис чысыл кæъвда. Уæлдæфы температурæ 16-17 ноябры, +13, +14 градус уыдзæн, 19 ноябры та фæуазал уыдзæн, æнхъæлмæ кæсинаг сты мигъ æмæ боны кæрон та митуард дæр. Температурæ бонæй уыдзæн +3,+5 градусы.