Гуырдзыстоны инновациты æмæ технологиты агентад райхъусын кодта грантон конкурс программæйы «Æмфинансдзинады гранттæ стартаптæн» фæлгæтты.
Æмфинансдзинады грантты нысан у Гуырдзыстоны, æхсæнадæмон потенциалы цы инновацион продукттæн æмæ лæггады бакуыст-æрхионкæныны æмæ коммерциализацийы фæндагæй инновациты æмæ иновацион кондадты сæвзæрын кæныны стимуляци.
Инновациты æмæ технологиты агентады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, грантон программæ у Гуырдзыстоны регистрацигонд уыцы райдайæг хицæн æмæ чысыл кондадтæн, кæцыты регистрацийæ дыууæ азæй къаддæр рацыд. Куырдиæтты бавдисын афтæдæр сæ бон у регистраци кæмæн нæй ахæм физикъон уæнгты къордæн. Регистарци кæмæ нæй, уыцы физикон уæнгты равзарыны цауы, удоны регистрацийы ауадздзысты конатркт бафыссыны онг.
Æмфинансдзинад грантты программæйы фæлгæтты лæвæрд финансдзинад уыдзæн максимум фарастмæййон проекттæн, ма хъуамæ уа проекты бюджеты 90 %-æй æмæ 150 000 ларийæ. Проекты бюджеты минимум 10 процент куырдиат бавдисæг хъуамæ сифтонг кæнæнт æрмæджы æхцайæ, æндæр та, хорз уаид – хицæн секторы равзæрæнтæй. Æнæруадзгæ у паддзахадон грантты æмфинансдзинады равзæрæнæй бавдисын.
Куырдиат бавдисыны æппынфастаг æмгъуыд у 2022 азы 27 сентябр.