15 паддзахад, сæ нымæцы АИШ, Канадæ æмæ Европаг бæстæтæ, Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстытæ нымадмæ нæ исынц
15 паддзахад, сæ нымæцы Америкæйы Иугонд Штаттæ, Канадæ æмæ Европаг бæстæтæ, Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстытæм гæсгæ, иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц.
Америкæйы иугонд Штаттæ, Канадæ, Стыр Британи, Болгари, Чехи, Эстони, Финлянди, Ирланди, Латвий, Лиетувæ, Польшæ, Румыни, Швеци, Норвеги æмæ Украина нымадмæ нæ исынц Гуырдзыстоны регионы, Абхазы де-факто хицауады уагъд а.х. президентон æвзæрстыты легитимондзинад æмæ нæ банынмайдзысты йæ фæстиуджытæ дæр.
Аналогионæй 15 бæстæ нæ банымадтой, Гуырдзыстоны регионы, Цхинвалы 2019 азы 9 июны уагъд а.х. парламентон æвзæрстытæ æмæ йæ фæстиуджытæ.
«Бæлвырд кæнæм нæ рдгæй æххæст фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Мах ноджы иу хатт сидæм Уæрæсемæ, сыххæст кæна 2008 азы æхсты фæурæды бадзырдæй цы хæстæ райста уыдон, сæнымæцы акæна йæ æфсад конфликтагъоммæ периоды позицитæм æмæ регионмæ гуманитарон æххуысы бауадза, афтæдæр фæстæмæ асида Гуырдзыстоны регионты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадтæй банымад», – дзырдæуы 15 бæстæйы иумæйаг фидиуæны.