Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хъыгтæ дзуры, 15 аздзыд Лука Сирадзейы трагикон адзалы тыххæй.
«Фыццаджы дæр, æххæст бæрнæй дзурын, цæмæй тызмæг бафхæрд æрцæудзæн алы уыцы гоймаг, æнæмкæсгæ йæ рангмæ æмæ статусмæ, кæцыйы æрдгæй исты типы фдракæнды факты фæбæрæг кæндзæн паддзахадон инспекторы куыст – хæдбар фæдæвзарæг уагдон, кæцыйы сарызимæ сразы стæм.
Фыццаджы дæр алчи иумæ æппæт хъуамæ саразæм, цæмæй ацы трагедимæ гæсгæ макæмæ уал баззайа фарстытæ. Хдæбар уагдоны фæдæвзарын, æнæдзуаппæй ма хъуамæ ныууадза иунæг фарст дæр, æрцæугæ фактмæ гæсгæ Уый тыххæй хæсджын кæнын куыд мидхъуыддæгты, афтæ ахуырады министрадты, æххæстæй æкуыст кной фæдæвзарæнимæ, кæцы æнæмæнгæй уыдзæн æргом æмæ рухсдзыд. Цыдæриддæр та æнахъомты расттæрхоны, ахуырады кæнæ æнæнизхъахъхъæды сферæты уæвæг сидтытæм æххæссы: æнæкæсгæ уымæ цæмæй фæстаг азты дæргъы бирæ къахдзæф сарызтам ацы æрдæм, закъондæттынады æмæ практикæ фæхуыздæр кæнынæн, нырма нын бирæ ис азты дæргъы æрымбырд проблемæтæ. Нырма ис быцæуситытæ, кæцы иуæй-иу цауты æмбæлон сервисты, кæнæ сывæллæттыл ориентиргонд аууæлттæ нæуæвынæй, æрмæст иуæй-иу цауы, процессы хайадисджыты аипджын квалификацийы тыххæй сæвзæрдысты.
Мах алчи, дзыллæ æххæстæй бæрнон стæм Лука Сирадзейы, йæ бинонты раз, цæмæй азты дæргъы уæвæг систмон аиппытæ минимумы онг фæкаддæр кæнæм.
Уымæ гæсгæйæ дæр, хæсджын кæнын: мидхъуыддæгты министрад æнæаргъæвгæйæ райсæт æмбæлон мадзæлттæ уагдоны æнахъомтыл ориентацигонд фæдæвзарæг аууæлттæ саразынæн, сифтонг кæна æнахъомтимæ кусæг фæдагурджыты æмæ менеджерты специализаци æмæ æмбæлон критеритæй, хъавгæйæ равзæрст, сæххæст кæна сæ иудадзыг бацæттæ æмæ мониторинг.
Æнæнизхъахъхъæды министрадæн, æнæаргъæвгæйæ бакусæт системон аиппытæ рараст кæныны конкретон æмгъуыдты бакуыст пълан æмæ йæ бавдисæт иу къуырийы æмгъуыдмæ.
Юстицийы министрадæн, – бавдисæт закъондæттæн архайадон план паддзахадимæ баст сывæллæтты барты хъахъхъæды фæлæмхас гарантитæ бакусыны фадæттыл.
Гуырдзыстны хицауад йæхимæ исы æххæст бæрн, цæмæй батагъддæр кæндзæн æмæ максималонæй цыбырдæр æмгъуыдты ауадздзæн ацы æрдæм райдайгæ реформæ; процессы координаци, æнахъомты сферæйы кусæг профессионалты æмæ алы æмбæлон акторы хайадæй, сæххæст кæндзæн æргомæй æмæ рухсдзыдæй. Ацы хъуыддаджы ныфсджын стæм уыдзæн нын нæ æхæснадæмон партнерты æххуысæй. Нæрайсгæ у æрцæугæ трагедийы политикъон нысанæй спайдайы кæцыфæнды архайд. Фæдæвзарæнимæ алчидæр максималон æмкуыст хъуамæ кæнæм» – банысангонд у премьер-министры куырдиаты.