13 июны стихийы бынатыл ссардæуыд нæлгоймагы мард

Тбилисы  Сванидзейы  уынгыл ссардтой  нæлгоймагы мард.  Мардыбуар уым  хæстæг уæвæг  арæзтады  кусджытæ  ссардтой.  Сæ ныхæстм гæсгæ,  мардыбуар у æмбыд зæгъгæ.

Ацы рæстæгмæ  территорийы  сæмбонд кодта полици. Мардыбуар ссардæуыд хæстæг уææг  уæлмæрдты  цур.

Буары  экспертизæм арвыстой.  Вакейы районы  гамгебелийы   Нодар Турдзеладзейы  информацийæ,  мард  нырма идентифициргонд нæу.

«Комментарийы  æмбæлон  куыстытæ  сараздзысты  ацы территори   нæ гамгеобамæ хауы æмæ   бынатыл   ситуациимæ æрзонгæ кæныны тыххæй  æрбацыдыстæм.  Нæ  ацух æндзыстæм уый дæр,  æмæ  исты хуз  баст у æви нæ  фæнысангонд факт 13  июны   стихиимæ, кæнæ  ам хæстæг уæвæг  уæлмæрдимæ.  Ацы рæстæгмæ  ницы зæгъын у нæ бон» –  райхъусын кодта  Нодар Турдзеладзе.

Бынатмæ цъус рæстæджы размæ  бацыдысты  13  июны  стихийы рæстæджы  æвæндаг æрбайсæфтуæвæг  Серго Капанадзейы бинонты уæнгтæ, фæл  журналисттимæ комментари  нæ сарызтой.

13  июны  стихийы  фæстиуæгæн, фæмард 21  адæймаг, уыдонæй  дыууæ  ацы афонмæ  нымад цæуынц  æрбайсæфтуæвджытыл.