11 октябры Украинæ-Гуырдзыстоны матчы гом равдыст Фыццаг Республикæйы Фæзыл ацæудзæн
11 октябры УЕФА-ы Нациты Лигæйыл радон фембæлды Гуырдзыстоны националон футболы æмбырдгонд Украинæйы æмбырдгондимæ фæбыцæу уыдзæн.
Сæйраг горæты мер Каха Каладзе Тбилисы муниципалитеты хицауады рабадтыл куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ сæрхъызойтæн уыдзæн фадат матчы комкоммæ трансляцимæ кæсын Фыццаг Республикæйы Фæзыл.
«11 октябры Тбилисы рæстæгæй 22:45 сахатыл националон мæбырдгонд Польшæйы Украинæйы æмбырдгондимæ фембæлдзæн. Нæ балæн иттæг нысаниуæгджын хъазт уыдзæн. Ацы хатт дæр рахастам уынаффæ – футболы Федерациимæ иумæ, Фыццаг Республикæйы Фæзыл сараæм гом равдыст æмæ стыр экрантæ смонтаж кæндзыстæм. Гуырдзиаг сæрхъызойтæн удызæн фадат цæмæй иумæ рахæцæм йæ фарс националон æмбырдгондæн. Фæстæдæр дзыллæйæн æнæмæнгæй бадæтдзыстæм уæлæмхас информаци фæнысангонд гом равдысты тыххæй», – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Украинæ-Гуырдзыстоны футболы матч Польшæйы, горæт Пощнаны ацæудзæн.