11 майæ байгом уыдзæн алы хуызы сæргай æмæ ставд базаргæнæг дуканитæ, кæцытæн бацæуæн ис уынгы æрдгæй æмæ нæ базар кæнынц дарæсæй æмæ къахы дарæсæй
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, 11 майæ, байгом уыдзæн алыхуызы кондадтæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, байгом уыдзæн, сæргай æмæ ставд базаргæнæг дуканитæ, кæцытæн ис бацæуæн уырнгы æрдгæй æмæ кæцытæ нæ базар кæнынц дарæсæй æмæ къахыдарæсæй.
«Зондзыстут 6 этапæй пълан, кæцы нын уыд экономикæ байгом кæнынм гæсгæ, йеуæд загътам, цæмæй эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ уыдаит гæнæн куыд ацы пълан батагъддæр кæнын, афтæ йæ иу хайы æмгъуыд ахæцын. Абоны уавæрæй нæ бон зæгъын у, цæмæй амондæн, не мбæстæгты æмæ дохтырты æрвылбойнон бæрнон архайдты æмæ куысты фæстиуæг у уый æмæ нæ бон у бæрæг секторты байгом батагъддæр кæнæм, арæзтады секторы байгом æмæ уыйимæ баст алы кондадты иу къуырийæ раздæр куыд батагъддæр кодтам афтæ. Уый нын дæтты фадат цæмæй абон райхъусын кæнæм, 11 майæ, къуырисæрæй байгом кæнджзыстæм алыхуызы кондадтæ. Кæд ныры онг ныхас ццыдис æрмæстдæр арæзтадон секторы кондадтыл, ныр дзурæм алы хуызы кондадты фæдыл. Уымæй уæлдай ма байгом кæндзыстæм сæргай æмæ ставд базаргæнæг дуканитæ, кæцытæ бацæуæн ис уынгы æрдгæй. Ацы рынмадмæ нæ хауынц дарæсæй æмæ къахыдарæсæй базаргæнæг дуканитæ. Алы æндæр базайрагæй архайæг дуканитæн сæ бон уыдзæн къуырисæрæй куыстмæ рацæуын» – банысан кодта Гахариа.