11 мæйы мидæг туризмæй Гуырдзыстоны æфтиаг 3 миллиард долларæй ахызт
Туризмы национ администрацийы информацийæ, развæлгъау бæрæггæнæнтæй, 2019 азы январ-ноябры, Гуырдзыстон æхсæнадæмон балцы цæуджытæй 3,051,424,548 доллары æфтиаг райста, кæцы 1.2%0-æй (35,4 милуан АИШ долларæй» фылдæр у раззаг азы аналогион бæрæггæнæнтæй.
Администрацийы хъусинагæй, 2019 азы ноябры уавæрæй, æхсæнадæмон балцы цæуджытæй Гуырдзыстоны æфтиаг у 201,734,437 АИШ доллары (рæзт 5.6%), кæцы 10.6 млн АИШ долларæй фылдæр у раззаг азы аналогион бæрæггæнæнимæ абаргæйæ.
Æмтгæйон мид продукты туризмы хай 2019 азы I-II кварталы бæрæггæнæнтæй у 7.7%. Раззаг азимæ абаргæйæ рæзт у +19.7 %.