412 фæмардуæвæг, сæ нымæцы 169 æфсæддон; 1747 фæцæфуæвæг; 130 000 тыхыбын бынативгæ гоймаг, кæцытæй 30 000 абон дæр лигъды цæрынц; 35 000 скуынæггонд хæдзар; зæххимæ срастгонд 53 гуырдзиаг хъæу; Уæрæсейы æрдгæй уæлæмхасæй оккупацигонд фондз ком æмæ 125 хъæу; Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æрвылбойнонæй тыхыбын сты телæмбондты иннæ фарс цæрын – ахæм сты августы хæсты фæстиуджытæ. 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй 11 азы рацыд.
Гуырдзиаг хъæуты æрдæм æхст нырма 2008 азы июлы райдыдтой, уавæр сæрмагондæй фæкарз ис 7 августы, йеуæд бомбæтæ æхстой Нулы, Авнеуы, Присы, Дваны хъæуты, кæцыйы фæстæ 7 августы æхсæв, дзуаппон æхст сæххæст. 8 августы сæумæрайсом та, Рукъы тунелæй Цхинвалы регионмæ Уæрæсейы 58-æм æфсады колоннæ æрбахызт.
Гуырдзиаг иугондтæ, кæцытæ Цхинвалы хай бацахстой, уырыссаг авиацийы бырсты фæстиуæгæн фæстæмæ алæууыдысты. Уырыссаг авиаци бомбæтæ калдта Гуры, Потийы порты, Сенакийы æмæ Марнеулийы æфсæддон базæтыл, Вазианийы базæйыл, авиацион завод æмæ Квишианийы хохыл уæвæг радарыл. Де-факто режимы контролгонд территоритæй уæлдай, уырыссаг æфсæддæттæ бацахстой Къодоры ком, Поти, Зугдиди, Сенаки, Ахалгори, Гуры районы цалдæр хъæу æмæ Сачхерейы хъæу, Пъереу.
Интенсивон хæцæн архæйдтытæ фондз бон аххæссыдысты, активон хæстон архæйдты фæуромын та баныстис æрмæстдæр æхсæнадæмон æмгарады фæактивон кæныны фæстиуæгæн.
Хæсты фæудæй рæхджы, Уæрæсе Абхаз æмæ «Хуссар ирыстоны» хæдбардзинад банымадта.
2008 азы къухбафыст æхсты фæурæды фæдыл бадзырд та официалон Мæскуы абоны онг не ххæст кæны.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады веб-фарсыл августы уæззау бонты хронологи у æвдыст. Æнхъарæм уын дыууæ боны фæзындты официалон хронологи – адон сты уыцы факттæй цалдæр, цæмæй куыд архайдта 11 азы размæ оккупант Уæрæсе Гуырдзыстоны территорийыл.
7 август
«Æхсæвы æмæ боныцъæхы дæргъы, инетенсивон æхст райдыдта хъæутæй Хетагурово, Дменис æмæ Убиатæй. Сепаратисттæ адарддæр кодтой гуырдзиаг закъонæххæстгæнджыты æмæ сабырадхъахъхъæнджытыл тызмæг бомбæппæрст минометтæй æмæ артиллерийæ. Централон хицауад дзуапп дæтты лимитиргонд æхстæй, позицитæ бахъахъхъæнын нысанæй.
Уæрæсæейы информацион агентадтæн лæвæрд сæумæрайсомы интервьюйы, «Хуссар Ирыстоны» де-факто президент Кокойты Эдуард райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ уыцы цауы, кæд æмæ Гуырдызстоны хицауад йæ гарзджын æфсад нæ ракæндзæн, уæд уый æрывналдзæн уыдоæнй «территори ныссыгъдæгмæ».
Гуры æфсæддон госпиталы журналисттимæ ныхасы рæстæджы, президент Саакашвили, кæцы цæф æфсæддæтты бæрæгдзау бацыд уырдæм, загъта, цæмæй зæгъгæ гуырдзиаг хъæутыл бырстмæ æнæкæсгæ, Тбилис максималонæй йæхи арæдта. Саакашвили афтæдæр æрсидтис Уæрæсемæ, акæна йæ «официалон уæнгты» «Хуссар ирыстонæй», кæцытæ сæхи хуыдтой «Хуссар ирыстоны» хицауадæй.
Темур Иакобашвили абæрæг кодта конфликты зона 7 августы, цæмæй фембæлдаит сепаратистон хицауады минæвæрттимæ. Паддзахадон министримæ фембæлд æмхæццæ сабырхъахъхъæнæг тыхты сæрдар Марат Кулахметов, фæлæ де-факто режим нæзагъд ракодта бадзырдтыл. Сепаратистон республикæйы æдасдзинады советы сæрдар Анатолий Баранкевич бартъхъирæн кодта, цæмæй Цæгаты Ирыстоны хъазахъхъагтæ зæгъгæ рараст сты Хуссар Ирыстоны æрдæм гуырдзаиг æфсадимæ хæцынмæ.
16:00 сахатмæ сепаратисттæ сног кодтой бомбæппæрст гуырдзиаг хъæутыл Аунев æмæ Нулыл. Ирыстоны сепаратистон тыхтæ фистæгон хæцæн хæдтулгæ спырх кæныны фæстиуæгæн фæцæф сты æртæ гуырдзиаг æфсæддон. Сепаратистты архæйдты дзуаппæн гуырдзиаг тыхтæ, Хетагуровойы хъæуы æрдæм райдыдтой æхст, кæцыйы фæстиуæгæн 2 ирон милицайаг амард æмæ дыууæ фæцæф сты. Фæстæдæр гуырдзиаг сабырадонты ауадзæн пунктыл сырæзт бомбæппæрст Ауневы, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард цалдæр гуырдзиаг æфсæддон кусæг æмæ гражданон уæнг.
Гуырдзиаг фарс ахицæн кодта æхст бауромын иуфарсонæй, цæмæй уавæр æрсабыр уыдаит, уый тыххæй паддзахадон министр Темур Иакобашвили райхъусын кодта пресс-конференцийыл 6:40 сахатыл. Иакобашвили загъта, цæмæй йын не нтыстис сепаратистон хицауады минæвæрттимæ фæдзурын.
17:10 комкоммæ телеуынынадон фидиуæны президент Саакашвили райхъусын кодта, цæмæй адæтта бардзырд гуырдзиаг æфсадæн, æхст бауромыны тыххæй. Уый загъта, цæмæй уыд амæттаг, куыд цæфтæ, афтæ фæмардуæвджытæ. Æхсты фæурæды фæдыл уынаффæ ист æрцыд нысангондæй, цæмæй ноджы иу хатт æрцыдаит лæвæрд Ирыстоны фарсæн фадат, диалог сног кæнынæн. Гуырдзиаг фарсы ацы уынаффæмæ æнæкæсгæ, гуырдзиаг хъæу Ауневыл бомбæппæрст ноджы иу хатт сæххæст 08:30 сахатыл. Зæгъæн ис, цæмæй хъæу æнæхъæнæй скуынæг ис. «Хуссар Ирыстоны» сепаратистон гарзджын къордтæ æхст бакодтой гуырдзиæгты кантролгонд Присы хъæуыл 10:30 сахатыл. Бырсты фæстиуæгæн фæцæф ис цалдæр гуырдзиаг.
23:30 сахатмæ сепаратистон хицауад æхст бакодта алы гуырдзиаг позицийыл сахар Цхинвалы алыварс, Тамарашен æмæ Куртайы хъæуты банымадæй. Фидар бомббæпæрстыты фæстиуæгæн, Куртайы пъæлицæйы бæстыхай æнæхъæнæй скуынæг ис.
Бынæттон чысылнымæцон æвдисæнты дзырдæй, 09:45 сахатыл æфсæддон хæдтæхæг (æнхъæлцау уырыссаг, кæцы æрбатахтис «Хуссар Ирыстоны æрдгæй) æрыппæрста 3-5 бомбæйы Шавшвебийы хъæумæ хæстæг, Гуырдзыстоны æфсæддоны радарæй 300-500 метры дæрццæг».
8 Август
«22:40 хъахъхъæнынады министрады информацийæ, уырыссаг хæдтæхджытæ гуырдзиаг уæлдæфон тыгъдад фехæлдтой æмтгæй райсгæйæ 22 хатты.
22:15 Цы уырыссаг хæдтæхджыты æрыппарын бантыстис, уыдон тип æмæ бынат нырма бæрæг не сты.
21:45 пъæлицæйæгты æмæ резервистты, кæцытæ уыдысты Знауыры скъолайы бæстыхайы алыварс, Цхинвалы ныгуылæны æрдгæй 5 километры дæрццæг, фервæзын кодтой грахжданон уæнгтæ.
21:11 сепаратистты сæргълæуджытæ хъусын кæнынц, цæмæй сæм 1400 фæцæф æмæ фæхъуыдысты. Ацы рæстæджы Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад хъусын кæны, цæмæй уырыссаг сабырадонты æхсæн ис 10 фæмардуæвæг.
20:30 Цхинвалы тызмæг быцæуæмбæлды фæстиуæгæн, гуырдзиаг тыхтæ райдыдтой сахары центрæй рацыд æмæ ахсынц позицитæ йæ хуссар арæнтыл. Уырыссаг танкъытæ бахызтысты Цхинвалы хурыскæсæн хаймæ.
19:20 2 уырыссаг хæдхæтæг, атæхдзысты Амбролаурийы сæрты, кæцы Тбилисы цæгатæй 170 километры уæвы æмæ конфликты зонæйæ æддæйæ ис.
18:45 Гуры гуырдзиаг артиллерион бригадæйыл, 5 уырыссаг хæдтæхæг авиацион хафт бакодтой.
18:44 Уырыссаг танкъыты колоннæ, кæцы фæцæйласы автомобилтæ, уæргъæвæрд æндæр æмæ æндæр хуызы хæцæнгарзæй, æрбахæццæ ис Цхинвалы регионмæ Зары æрдгæй. Уырыссæгтæ бакодтой интенсивон æхст Цхинвалыл æмæ сыхаг бæрзæндтыл уæвæг гуырдзиаг тыхты ныхмæ. Дыккаг автоколоннæ, кæцы афтæдæр æрцыд Уæрæсейæ, Рукъы тунелы фæрцы, урæд у гуырдзиаг фарсы кантролгонд ареалы, Дманисы, Цхинвалы цæгаты 7 километры дæрццæг æмæ уырыссæгтæ тызмæг æхст кæнынц гуырдзиаг тыхты ныхмæ.
18:32 Пронейы Ком, Цхинвалы хурыскæсæн, уæззау артиллерион æхсты бын ис Уæрæсейы æрдгæй. Хъæутыл Аунев æмæ Прис Цхинвалы регионы цæуы бомбæппæрст уырыссаг авиацийы æрдгæй.
17:35 Тбилисæй 20 километр хуссары æмæ конфликтон регоны арæнты æддæйæ уæвæг Марнеулы æфсæддон базæйыл цæуы бомбæппæрст æртыккаг хатт, цæй фæстиуæгæн дæр 1 адæймаг фæмард æмæ 4 фæцæф сты. Æртæхаттон бомбæппæрсты фæстиуæгæн, уым уæвæг 3 АН-2-ы типы хæдтæхæг æмæ æфсæддон хæдтулгæтæ скуынæг сты.
17:00 Дыккаг хатт цæуы бомбæппæрст Марнеулы æфсæддон уæлдæфон базæйыл, кæцыйы фæстиуæгæн ис амæттаг.
16:30 Уæрæсейы авиаци бомбæтæ калы Марнеулийы æмæ Болнисы æфсæддон базæтыл, Тбилисы хуссары, сахарæй 20 æмæ 35 километр дæрццæг. Уый фæстиуæгæн 3 лæууæг хæдтæхæг скуынæг ис. Уымæй дарддæр ма скуынæг сты 3 бæстыхай æмæ ис амæттаг.
16:30 2 уырыссаг хæдтæхæг æрбатахтысты цæгатæй Гуырдзыстоны уæлдæфон зонæмæ. Ноджы иу Дзауы территорийыл ратæх-батæх кæны. Ноджы 2 та фцæйтæхынц Цæцæны æрдæм.
16:00 сахатмæ 40-ы бæрц адæймаг – пъæлицæйы офицер æмæ резервист Знауыры скъолайы къæппæджы сты.
15:30 ирон сепаратисттæ куынæг кæнынц 3 гуырдзиаг танкъы Зары фæндагыл.
15:05 Уæрæсейы æфсæддон хæдтæхæг æрбатахт Гуырдзыстонмæ Тедзамы æрдгæй, Гуры хуссары æмæ æппары дыууæ бомбæ, Вазианийы æфсæддон аэродромыл.
14:30 Цхинвалы, зæгъæн ис, 100% гуырдзиаг æфсад кантрол кæны. Æрмæст цалдæр чысыл бал сæм лæууынц быццæу.
14:15 Гуырдзыстоны хицауад хъусын кæны, æхсты фæурæды фæдыл 15%00 сахатæй 18:00 сахаты онг уый тыххæй, цæмæй сабырадон цæрджытæм уа фадат Цхинвалæй рацæуынæн. Сепаратисттæн та, хи раттыны цауы, æххæст амнистийы фадат æмæ гуманитарон æххуыс.
13:00 Цхинвалы хайы контрол кæны гуырдзиаг æфсад æмæ хæст дарддæр кæны центры.
12:05 Уæрæсейы иу СУ-24 æрбатахтис æмæ змæлы Цхинвалы уæлдæфон тыгъдадмæ 12:15 сахаты онг.
12:00 сахатмæ, 8 гуырдзиаг (6 æфсæддон æмæ 2 æмбæстаг) фæмард сты æмæ 87 фæцæф сты. 1 амуницийæ едзаг æфсæддон хæдтулгæ скуынæг ис.
11:45 Æмбæстагон авиацийы æнæаргъæвгæ æххуысы куысты хъусинагæй, ист æрцыд сигнал цъæл уæлдæфон объекттæй (æнхъæлцау, уырыссаг хæстон хæдтæхæг) Иурийы территоримæ хæстæг.
11:45 4 СУ-24 уырыссаг бырсæг хæдтæхæг æрбахызт Гуырдзыстонмæ Степанцъминдайы (Хъазбег) æрдгæй, Къодоры тунелы цагат-скæсæнæй æмæ конфликты зонæйы фæлгæтты æддæйæ. Уыдонæй 2 зилынц Тбилисы æмæ Марнеулийы территорийы сæрты. Иннæ 2 та Гудаурийы территори ныххафтой.
10:57 6-æй 2 уырыссаг бырсæг хæдтæхæг бомбæтæ калынц Гуры. Сæ иу æрхаудта стадионы цур, дыккаг та – Гориджварийы алфæмбылай территорийыл æмæ æртыккаг – артиллерийы бригадæйыл.
10:50 6 СУ-24 бырсæг хæдтæхæг æрбахызстыты Рукъы æфцæгы уылты.
10:30 Уæрæсейы СУ-24 бомбæтæ калы Варианийы хъæуы æмæ Карелы районы хъæутыл, Тбилисæй 74 километр ныгуылæны, конфликты зонæйæ фæлгæтты æддæйæ. Уый фæстиуæгæн фæцæф сты 7 сабырадон æмбæстаг.
9:45 Уæрæсейы æфсæддон бырсæг хæдтæхæг æппары 3-5 бомбæ Поти æмæ Тбилисы æхсæн трассæйы æмæ Гуырдзыстоны æфсæддон арадарæй 300-500 метр уæвæг Шавшвебийы хъæуы.
9:00 сахатмæ Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ кантрол кæнынц хъæутæ Гром, Арцъеу, Цъинагара, Знауыр, Сарабукы, Хетагурово, Атоц, Дæллаг Окона, Дменис, Мугут æмæ Дидмухайы.
8:00 Уæрæсейы æфсады фыццаг къорд æмæ Гуфтайы хид скуынæг сты Гуырдзыстоны уæлдæфон тыхты бомбардировкæйы фæрцы. Фæстæдæр Уæрæсейы æфсады ноджы 2 бал æрбахызтысты «Хуссар ирыстонмæ» Рукъы уылты, кæцы иу кæны Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон, фæлæ сæ бон нæу Гуфты хидыл рахизын, кæцы пырх у æмæ уый тыххæй маршрут ивынц Гер-Дменисы фæндагæй.
5:30 Фыццаг уырыссаг æфсæддæ æрбацæуынц Рукъы тунелы уылты Хуссар Ирыстонмæ, ацыдысты Дзауыл, ахызтысты Гуфтайы хидыл æмæ Зары фæндагы уылты араст сты Цхинвалы æрдæм.
4:28 сахатмæ, Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ кантрол кæнынц 6 хъæу Цхинвалы регионы: Мугут, Дменис, Дидмуха, Окона, Акути æмæ Къохаты. Бæрæг у, цæмæй гуырдзиаг æфсæддæ бацæуынц Хетагуровойы хъæумæ.