11 аз  августы хæстæй – фактты хронологи æмæ фотоæрмæг
11 аз августы хæстæй – фактты хронологи æмæ фотоæрмæг

412  фæмардуæвæг, сæ нымæцы 169 æфсæддон; 1747 фæцæфуæвæг; 130 000 тыхыбын бынативгæ  гоймаг, кæцытæй  30 000 абон дæр  лигъды  цæрынц; 35 000  скуынæггонд  хæдзар; зæххимæ срастгонд  53 гуырдзиаг хъæу; Уæрæсейы  æрдгæй  уæлæмхасæй  оккупацигонд   фондз ком  æмæ 125 хъæу; Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æрвылбойнонæй  тыхыбын сты  телæмбондты иннæ фарс  цæрын – ахæм сты  августы хæсты  фæстиуджытæ. 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæстæй  11  азы рацыд.

Гуырдзиаг хъæуты æрдæм  æхст нырма 2008 азы  июлы  райдыдтой, уавæр сæрмагондæй фæкарз ис  7 августы,  йеуæд бомбæтæ  æхстой  Нулы, Авнеуы, Присы, Дваны хъæуты, кæцыйы фæстæ  7 августы æхсæв, дзуаппон æхст  сæххæст. 8 августы  сæумæрайсом та, Рукъы  тунелæй  Цхинвалы регионмæ   Уæрæсейы  58-æм æфсады  колоннæ  æрбахызт.

Гуырдзиаг  иугондтæ,  кæцытæ Цхинвалы хай бацахстой,   уырыссаг авиацийы  бырсты  фæстиуæгæн  фæстæмæ  алæууыдысты. Уырыссаг авиаци  бомбæтæ  калдта Гуры, Потийы  порты, Сенакийы  æмæ Марнеулийы  æфсæддон базæтыл, Вазианийы  базæйыл, авиацион  завод æмæ  Квишианийы  хохыл  уæвæг радарыл. Де-факто режимы контролгонд   территоритæй  уæлдай, уырыссаг æфсæддæттæ  бацахстой  Къодоры  ком, Поти, Зугдиди, Сенаки, Ахалгори, Гуры районы  цалдæр хъæу æмæ Сачхерейы  хъæу,  Пъереу.

Интенсивон хæцæн архæйдтытæ   фондз бон аххæссыдысты,  активон хæстон  архæйдты  фæуромын   та  баныстис  æрмæстдæр æхсæнадæмон æмгарады  фæактивон кæныны фæстиуæгæн.

Хæсты  фæудæй   рæхджы,   Уæрæсе Абхаз æмæ  «Хуссар ирыстоны»  хæдбардзинад банымадта.

2008 азы къухбафыст  æхсты фæурæды фæдыл бадзырд та  официалон Мæскуы  абоны онг  не ххæст кæны.

Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  веб-фарсыл  августы  уæззау  бонты  хронологи у æвдыст. Æнхъарæм уын  дыууæ боны фæзындты  официалон  хронологи – адон сты  уыцы  факттæй  цалдæр,  цæмæй  куыд архайдта 11 азы размæ   оккупант  Уæрæсе Гуырдзыстоны  территорийыл.

7 август

«Æхсæвы æмæ боныцъæхы дæргъы, инетенсивон  æхст райдыдта  хъæутæй  Хетагурово, Дменис æмæ Убиатæй. Сепаратисттæ  адарддæр кодтой  гуырдзиаг  закъонæххæстгæнджыты æмæ  сабырадхъахъхъæнджытыл тызмæг   бомбæппæрст  минометтæй æмæ   артиллерийæ.  Централон хицауад  дзуапп дæтты лимитиргонд  æхстæй,  позицитæ  бахъахъхъæнын нысанæй.

Уæрæсæейы  информацион агентадтæн  лæвæрд сæумæрайсомы интервьюйы,  «Хуссар Ирыстоны» де-факто  президент Кокойты Эдуард  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ уыцы  цауы,  кæд æмæ  Гуырдызстоны хицауад   йæ гарзджын æфсад нæ ракæндзæн, уæд уый  æрывналдзæн  уыдоæнй «территори ныссыгъдæгмæ».

Гуры æфсæддон госпиталы журналисттимæ ныхасы рæстæджы,  президент Саакашвили, кæцы цæф  æфсæддæтты  бæрæгдзау  бацыд уырдæм,  загъта, цæмæй зæгъгæ гуырдзиаг хъæутыл бырстмæ æнæкæсгæ,   Тбилис  максималонæй йæхи арæдта. Саакашвили афтæдæр æрсидтис  Уæрæсемæ, акæна  йæ «официалон уæнгты»  «Хуссар ирыстонæй», кæцытæ  сæхи хуыдтой  «Хуссар ирыстоны» хицауадæй.

Темур Иакобашвили  абæрæг кодта  конфликты зона 7  августы, цæмæй фембæлдаит  сепаратистон  хицауады минæвæрттимæ.   Паддзахадон министримæ фембæлд  æмхæццæ  сабырхъахъхъæнæг тыхты  сæрдар Марат Кулахметов, фæлæ де-факто  режим нæзагъд ракодта   бадзырдтыл.   Сепаратистон  республикæйы æдасдзинады  советы  сæрдар Анатолий Баранкевич  бартъхъирæн кодта, цæмæй   Цæгаты  Ирыстоны  хъазахъхъагтæ зæгъгæ рараст сты  Хуссар Ирыстоны æрдæм  гуырдзаиг æфсадимæ хæцынмæ.

16:00 сахатмæ сепаратисттæ  сног кодтой  бомбæппæрст  гуырдзиаг хъæутыл  Аунев æмæ  Нулыл.  Ирыстоны сепаратистон тыхтæ фистæгон хæцæн  хæдтулгæ  спырх кæныны фæстиуæгæн фæцæф сты  æртæ гуырдзиаг  æфсæддон.  Сепаратистты  архæйдты дзуаппæн  гуырдзиаг  тыхтæ, Хетагуровойы  хъæуы æрдæм райдыдтой æхст, кæцыйы фæстиуæгæн  2  ирон милицайаг  амард æмæ  дыууæ фæцæф сты.  Фæстæдæр  гуырдзиаг  сабырадонты ауадзæн пунктыл сырæзт бомбæппæрст Ауневы, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард  цалдæр гуырдзиаг   æфсæддон кусæг  æмæ гражданон уæнг.

Гуырдзиаг фарс ахицæн кодта  æхст бауромын иуфарсонæй, цæмæй уавæр æрсабыр уыдаит, уый  тыххæй  паддзахадон министр Темур Иакобашвили  райхъусын кодта  пресс-конференцийыл  6:40 сахатыл.  Иакобашвили загъта, цæмæй  йын не нтыстис  сепаратистон  хицауады  минæвæрттимæ  фæдзурын.

17:10 комкоммæ телеуынынадон  фидиуæны президент Саакашвили райхъусын кодта, цæмæй  адæтта  бардзырд  гуырдзиаг æфсадæн, æхст бауромыны тыххæй.  Уый  загъта, цæмæй  уыд амæттаг, куыд цæфтæ, афтæ  фæмардуæвджытæ.  Æхсты фæурæды фæдыл   уынаффæ  ист æрцыд  нысангондæй, цæмæй  ноджы иу хатт æрцыдаит лæвæрд  Ирыстоны фарсæн фадат, диалог сног кæнынæн.  Гуырдзиаг фарсы ацы уынаффæмæ æнæкæсгæ,   гуырдзиаг хъæу Ауневыл бомбæппæрст ноджы иу хатт сæххæст 08:30 сахатыл.  Зæгъæн ис, цæмæй   хъæу æнæхъæнæй  скуынæг ис.  «Хуссар Ирыстоны» сепаратистон  гарзджын  къордтæ æхст бакодтой   гуырдзиæгты  кантролгонд   Присы  хъæуыл 10:30 сахатыл.  Бырсты фæстиуæгæн  фæцæф ис цалдæр гуырдзиаг.

23:30  сахатмæ сепаратистон  хицауад æхст бакодта  алы  гуырдзиаг  позицийыл  сахар Цхинвалы алыварс, Тамарашен æмæ Куртайы хъæуты банымадæй.  Фидар  бомббæпæрстыты фæстиуæгæн,  Куртайы   пъæлицæйы бæстыхай  æнæхъæнæй  скуынæг ис.

Бынæттон чысылнымæцон  æвдисæнты дзырдæй, 09:45 сахатыл   æфсæддон  хæдтæхæг  (æнхъæлцау  уырыссаг,  кæцы  æрбатахтис  «Хуссар Ирыстоны æрдгæй)  æрыппæрста  3-5 бомбæйы  Шавшвебийы хъæумæ  хæстæг, Гуырдзыстоны æфсæддоны  радарæй  300-500  метры дæрццæг».

8 Август

«22:40 хъахъхъæнынады министрады  информацийæ, уырыссаг  хæдтæхджытæ  гуырдзиаг уæлдæфон тыгъдад фехæлдтой æмтгæй райсгæйæ  22  хатты.

22:15 Цы уырыссаг хæдтæхджыты  æрыппарын бантыстис, уыдон тип  æмæ бынат  нырма бæрæг не сты.

21:45  пъæлицæйæгты æмæ резервистты, кæцытæ уыдысты  Знауыры скъолайы  бæстыхайы  алыварс,  Цхинвалы ныгуылæны æрдгæй  5  километры  дæрццæг, фервæзын кодтой  грахжданон уæнгтæ.

21:11  сепаратистты сæргълæуджытæ хъусын кæнынц, цæмæй  сæм 1400 фæцæф æмæ фæхъуыдысты. Ацы рæстæджы  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрад хъусын кæны, цæмæй  уырыссаг  сабырадонты æхсæн ис  10 фæмардуæвæг.

20:30 Цхинвалы тызмæг  быцæуæмбæлды  фæстиуæгæн, гуырдзиаг тыхтæ райдыдтой  сахары  центрæй рацыд  æмæ ахсынц  позицитæ йæ  хуссар арæнтыл. Уырыссаг  танкъытæ  бахызтысты  Цхинвалы хурыскæсæн хаймæ.

19:20 2 уырыссаг  хæдхæтæг, атæхдзысты  Амбролаурийы  сæрты, кæцы Тбилисы  цæгатæй  170 километры уæвы æмæ конфликты  зонæйæ æддæйæ ис.

18:45 Гуры гуырдзиаг артиллерион бригадæйыл, 5 уырыссаг  хæдтæхæг авиацион хафт бакодтой.

18:44 Уырыссаг танкъыты  колоннæ, кæцы фæцæйласы  автомобилтæ,  уæргъæвæрд  æндæр æмæ æндæр хуызы  хæцæнгарзæй, æрбахæццæ ис  Цхинвалы  регионмæ  Зары  æрдгæй.  Уырыссæгтæ  бакодтой интенсивон  æхст Цхинвалыл æмæ сыхаг  бæрзæндтыл  уæвæг  гуырдзиаг  тыхты  ныхмæ.  Дыккаг автоколоннæ, кæцы  афтæдæр æрцыд   Уæрæсейæ, Рукъы  тунелы фæрцы,  урæд у  гуырдзиаг фарсы  кантролгонд  ареалы, Дманисы, Цхинвалы  цæгаты 7 километры дæрццæг æмæ  уырыссæгтæ  тызмæг æхст кæнынц гуырдзиаг тыхты ныхмæ.

18:32 Пронейы  Ком, Цхинвалы хурыскæсæн, уæззау  артиллерион æхсты  бын ис  Уæрæсейы æрдгæй.  Хъæутыл Аунев æмæ  Прис  Цхинвалы регионы цæуы бомбæппæрст уырыссаг авиацийы  æрдгæй.

17:35 Тбилисæй  20 километр хуссары æмæ   конфликтон регоны арæнты æддæйæ  уæвæг  Марнеулы  æфсæддон  базæйыл  цæуы   бомбæппæрст æртыккаг хатт,  цæй  фæстиуæгæн дæр  1 адæймаг фæмард æмæ  4  фæцæф сты.  Æртæхаттон бомбæппæрсты фæстиуæгæн, уым уæвæг 3 АН-2-ы типы  хæдтæхæг æмæ æфсæддон хæдтулгæтæ скуынæг сты.

17:00 Дыккаг хатт цæуы бомбæппæрст  Марнеулы  æфсæддон уæлдæфон  базæйыл, кæцыйы  фæстиуæгæн ис  амæттаг.

16:30 Уæрæсейы  авиаци  бомбæтæ  калы  Марнеулийы æмæ Болнисы  æфсæддон  базæтыл, Тбилисы хуссары, сахарæй  20 æмæ 35  километр дæрццæг.  Уый фæстиуæгæн  3 лæууæг хæдтæхæг скуынæг ис. Уымæй  дарддæр ма скуынæг сты  3 бæстыхай  æмæ ис  амæттаг.

16:30 2 уырыссаг хæдтæхæг æрбатахтысты  цæгатæй  Гуырдзыстоны  уæлдæфон  зонæмæ.  Ноджы иу  Дзауы  территорийыл ратæх-батæх кæны. Ноджы  2  та фцæйтæхынц  Цæцæны æрдæм.

16:00 сахатмæ 40-ы бæрц  адæймаг – пъæлицæйы  офицер æмæ  резервист  Знауыры  скъолайы къæппæджы сты.

15:30 ирон сепаратисттæ  куынæг кæнынц  3 гуырдзиаг  танкъы Зары фæндагыл.

15:05 Уæрæсейы æфсæддон хæдтæхæг  æрбатахт Гуырдзыстонмæ  Тедзамы æрдгæй, Гуры  хуссары æмæ æппары  дыууæ бомбæ, Вазианийы  æфсæддон аэродромыл.

14:30 Цхинвалы,  зæгъæн ис, 100% гуырдзиаг  æфсад кантрол кæны. Æрмæст цалдæр  чысыл  бал сæм лæууынц быццæу.

14:15 Гуырдзыстоны хицауад хъусын кæны, æхсты фæурæды фæдыл 15%00 сахатæй  18:00 сахаты онг уый тыххæй, цæмæй  сабырадон цæрджытæм уа фадат Цхинвалæй  рацæуынæн.  Сепаратисттæн та, хи раттыны  цауы, æххæст амнистийы  фадат  æмæ  гуманитарон æххуыс.

13:00 Цхинвалы хайы  контрол кæны  гуырдзиаг æфсад æмæ  хæст дарддæр кæны  центры.

12:05 Уæрæсейы  иу  СУ-24  æрбатахтис æмæ змæлы  Цхинвалы уæлдæфон тыгъдадмæ 12:15  сахаты онг.

12:00 сахатмæ, 8 гуырдзиаг (6 æфсæддон æмæ 2 æмбæстаг) фæмард сты  æмæ 87  фæцæф сты. 1 амуницийæ едзаг  æфсæддон хæдтулгæ  скуынæг ис.

11:45 Æмбæстагон авиацийы  æнæаргъæвгæ  æххуысы  куысты хъусинагæй,   ист æрцыд  сигнал  цъæл  уæлдæфон  объекттæй (æнхъæлцау, уырыссаг хæстон  хæдтæхæг)  Иурийы территоримæ хæстæг.

11:45 4 СУ-24 уырыссаг  бырсæг хæдтæхæг  æрбахызт Гуырдзыстонмæ  Степанцъминдайы (Хъазбег)  æрдгæй, Къодоры  тунелы  цагат-скæсæнæй æмæ конфликты зонæйы  фæлгæтты æддæйæ. Уыдонæй  2 зилынц  Тбилисы  æмæ  Марнеулийы территорийы сæрты. Иннæ 2  та  Гудаурийы территори  ныххафтой.

10:57 6-æй  2 уырыссаг  бырсæг хæдтæхæг бомбæтæ  калынц  Гуры.  Сæ иу æрхаудта  стадионы цур, дыккаг та –  Гориджварийы  алфæмбылай  территорийыл æмæ æртыккаг – артиллерийы   бригадæйыл.

10:50 6 СУ-24  бырсæг  хæдтæхæг æрбахызстыты  Рукъы  æфцæгы уылты.

10:30  Уæрæсейы  СУ-24 бомбæтæ  калы  Варианийы  хъæуы æмæ Карелы районы хъæутыл, Тбилисæй  74 километр ныгуылæны, конфликты зонæйæ фæлгæтты æддæйæ. Уый фæстиуæгæн  фæцæф сты  7 сабырадон æмбæстаг.

9:45 Уæрæсейы  æфсæддон бырсæг  хæдтæхæг æппары  3-5  бомбæ  Поти æмæ Тбилисы  æхсæн трассæйы  æмæ  Гуырдзыстоны æфсæддон арадарæй  300-500  метр  уæвæг Шавшвебийы хъæуы.

9:00 сахатмæ Гуырдзыстоны  гарзджын тыхтæ  кантрол кæнынц  хъæутæ Гром, Арцъеу, Цъинагара, Знауыр, Сарабукы, Хетагурово, Атоц, Дæллаг Окона, Дменис, Мугут æмæ Дидмухайы. 

8:00 Уæрæсейы  æфсады фыццаг  къорд æмæ Гуфтайы  хид  скуынæг  сты  Гуырдзыстоны уæлдæфон тыхты  бомбардировкæйы фæрцы.  Фæстæдæр  Уæрæсейы æфсады ноджы  2  бал  æрбахызтысты  «Хуссар ирыстонмæ»  Рукъы  уылты,  кæцы иу кæны   Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон, фæлæ  сæ бон нæу Гуфты хидыл рахизын, кæцы пырх у  æмæ уый тыххæй  маршрут ивынц  Гер-Дменисы  фæндагæй.

5:30 Фыццаг уырыссаг æфсæддæ  æрбацæуынц  Рукъы  тунелы уылты  Хуссар Ирыстонмæ, ацыдысты Дзауыл, ахызтысты  Гуфтайы хидыл æмæ Зары фæндагы уылты араст сты  Цхинвалы æрдæм.

4:28 сахатмæ, Гуырдзыстоны гарзджын  тыхтæ  кантрол кæнынц  6 хъæу  Цхинвалы регионы: Мугут, Дменис, Дидмуха, Окона, Акути æмæ Къохаты.  Бæрæг у, цæмæй гуырдзиаг  æфсæддæ  бацæуынц Хетагуровойы хъæумæ.