11-12 сентябры  Гуырдзыстоны  æнхъæлмæ кæсинаг у цыбыррæстæгон къæвда, арвнæрд, иуæй-иу районты  ихуард дæр
11-12 сентябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг у цыбыррæстæгон къæвда, арвнæрд, иуæй-иу районты ихуард дæр

Æрдзы  националон агентады информацийæ, 11 сентябры боны кæронæй  13 сентябрмæ Гуырдзыстоны (фылдæр  бæстæйы хурныгуылæны) рæстæгæй-рæстæгмæ, æнхъæлмæ кæсинаг цыбыр æмгуъыдмæ  къæвда  æмæ арвнæрд, ранæй-рæтты  гæнæн ис  ихуард дæр.

Афтæма сæ информацийæ,  уæлдæфы температурæ 12  сентябры +21,+26 градусмæ æрхиздзæн, 13 сентябрæй та  хурныгуылæн  æмæ  хурыскæсæн Гуырдзыстоны  +24,+29 градусы онг схъарм уыдзæн.

Сæйраг горæты, синоптикты прогнозмæ гæсгæйæ,  Тбилисы  10-11  сентябры  сурбоныгъæд уыдзæн.12  сентябры цыбыр  къæвда  у æнхъæлмæ кæсинаг, уæлдæфы температурæ  +26,+28 градусы фæлгæтты уыдзæн. 13-16 сентбяры  бæстæйы территорийы  фылдæр хайы хъарм боныгъæд у æнхъæлмæ кæсинаг.  Хъармы фоныл  ранæй-рæтты, гæнæн ис,  цыбр къæвда рауара.