Турчы, «Исламы Паддзахадимæ» бастдзинады гуырысхогонд 100-йæ фылдæр адæймагы æрцахстой
Турчы,  «Исламы Паддзахадимæ» бастдзинады гуырысхогонд 100-йæ фылдæр  адæймагы æрцахстой

Турчы,  «Исламы Паддзахадимæ» бастдзинады гуырысхогонд 100-йæ фылдæр  адæймагы æрцахстой.  Телекомпани  «NTV»-ы хъусинагæй,   спецоперацийы сæххæст кодтой Турчы полици  æмæ æдадсзинады  куыст.

Телекмпанийы  информацийæ,   операцийы  хайад истой 1500  барадхъаххъæнæг.  Уыдон асгæрстой 250 хæдзар.  Æмткæй райсгæйæ  тæрхондон   245 адæймагы æрцахсыны фæдыл бардзырд адæтта.  Ист у «Исламы Паддзахады»  пропагандистон  æрмæг  æмæ  компьютертæ,  кæцытыл террористон къорды фæдыл информаци  уыд æвæрд.