Тбилисы дарддæр кæны зæххыбын ахизæнты хæрзæфснайды процесс
Тбилисы дарддæр кæны зæххыбын ахизæнты  хæрзæфснайды  процесс

Тбилисы зæххыбын ахизæнты   хæрзæфснайды процесс дардæр кæны. Тбилисы мер Каха Каладзе, «Тбилсервис къорды»  къухдариуæгимæ иумæ, Цхинамдзгъвришвилийы  уынгыл уæвæг  зæххыбын ахизæны уæвæг уавæрим бынатыл æрзонгæ сты.

Сæйраг сахары мер фембæлд  хицæн бардарджытимæ дæр  æмæ  зæххыбын ахизæны  инфраструктурæйы  æрбиноныгимæ баст фарстытæ æркастис.

Фембæлды фæстиуæгæн  «Тббилсервис къорд»-ы æмæ  хицæн бардарджыты  æхсæн сырæзт бадзырд кæцмæ гæсгæ дæр, хицæн бардарджытæн бахæс кодтой   сæрмæмулкъы сæм  цы фæзуаттæ ис уыдоны  æрыфснайой  æмæ сæ иуæймаг  концепцимæ æмбæлон скæной. \

Бадзырдты бындурыл йæхиæрдгæй   «тбилсервис  къорд»  зæххыбын ахизæнты  иуæймаг пайдакæнынады   уæвæг  фæзуаты  «асинты чыр  æмæ ахизæны) реабилитаци скæндзæн.

«Уавæры уæхæдæг дæр уынут,  тынг уæзззау у æмæ афтæ адаргъ кæнын гæнæн нæй уый тыххæй цæмæй  бирæ адæймаг пайда кæны  ацы  зæххыбын ахизæнæй  æмæ уый æрыфснайын  иттæг нысаниуæгджын у.   Фæнды мæ бузынг зæгъон, хицæр бардарджытæн , уый тыххæй  цæмæй   ацы  зæххыбын ахизæн  у уæй æмæ мах никæд бонты   бавналдзыстæм сæрмæмулкъмæ, фæлæ ацы адæймæгтæ цæттæ сты  ам уæвæг уавæр æрбинныг кæной.   Нæхи æрдгæй мах,  цæй зæгъын æй хъæуы  аразинаг цы у уый æппæт сараздзыстæм  куыд гæнæн афтæ хорз.   Бирæ фыстæг æнм æрбацыд ацы  конкретон  ахизæны тыххæй. Ис дзы  ноджы  цалдæр критикон  уавæры уæвæг ахизæн æмæ  сæ мах  иууылдæр æрыфснайдзыстæм.  Ахæм  уæззау ситуацийы  куы ис ахизæн уæд дзы адæм сæхи уромынц уымæй пайда кæнын  æмæ фистæгæй  ахизынц  фæндагыл, кæцы  арæх свæййы   фæндагон-транспортон цауы   аххосæй» –  расидтис Каха Каладзе.