Каха Каладзе  Тбилисы меры хæсты æххæст кæнын райдайдзæн 13 ноябрæй
Каха Каладзе Тбилисы меры хæсты æххæст кæнын райдайдзæн 13 ноябрæй

Тбилисы  ногæвзæрст мер Каха Каладзе   йæ хæстæ æххæст кæнын райдайдзæн  13 ноябрæй.  Æвзарæнон кодексы  35-æм статимæ гæсгæ,   ног меры  æххæстбартæ сæ тыхмæ бацæуынц,  æмбæлон бæстæйон  æвзарæнон  камисы  хатдзæгон  протоколы саразынæй  11-æм   бон.

ЦÆК-ы  сæрдар, Тбилисы мертæм 2017  азы 21 октябры  æвзæрстыты æмæ   сæйраг сахары  сакребулойы  пропорцион  æвзарæнон  системæйæ  уагъд   æвзæрстыты фæстиуджыты  хатдзæгон  протоколтыл къух бафыста   фыццаг ноябры.

Уый тыххæй цæмæй  12 ноябр хуыцаубон у,   Каха Каладзе йæ хæстæ æххæсткæнынмæ æрывналдзæн  13-æм ноябрæй.

ЦÆК-ы   хатдзæгон  протоколмæ гæсгæ,   Тбилисы меры æвзæрстыты «Гуырдзиаг Бæллиццы»  кандидат  Каха Каладзе хъæлæсты  51,09 %-æй  фæуæлахиз ис.