Сергей Лавров - Уæрæссе цæттæ у срæвдз кæна фезмæлд Уæлхох Карабахы конфликты аскуыддзагы æрдæм
Уæрæсе цæттæ у, срæвдз кæна змæлд Уæлхох Карабахы конфликты аскуыддзаг кæнынæн – ацы фидиуæны Бакумæ визиты рæстæджы сарызта Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр. Сергей Лавров, нырид фембæлд Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ.
«Мах куыд ОБСЕ-йы æмсæрдæртты æртæйы уæнгтæ, интересджын стæм, æлхынцъыты райхалын æмæ Уæлхох Карабахы конфликты аскуыддзагы æрдæм фезммæлды. Ацы цауы Уæрæсе разы у Азербайджанимæ, цæмæй ацы æрдгæй бирæ активондæр тыхархайд хъæуы» – расидтис Сергей Лавров.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр, афтæдæр бахахх кодта Азербайджанимæ базарадон зилдухы рæзт. Лавровы ныхæстæм гæсгæ, 2017 азы фыццаг фараст мæйы мидæг уапргъты зилдух 60 процентæй райрæзтис.
Уæрæсейы сæйраг дипломат Бакумæ знон изæры ныццыд. Абон Сергей Лавров Уæрæсейы делегацийы æндæр уæнгтимæ иумæ Гейдар Алиевы цыртмæ дидингуытæ бахаста.