Пакистаны фæндагон-транспоротон цауы фæстиуæгæн иууылцъус 17 адæймаг фæмард
Пакистаны хуссары, сахар Харипуры фæндагон-транспортон цауы амæттаг иууыл цъус 17 адæймаг фæмард. Фондз та æндæр æмæ æндæр зиæнттæ райстой.
Ахæлиугонд информацийæ, дурæвзалыйæ едзаг уæзласæн ныццавдта бæлццонон автобусы, кæцы рæстæджы дæр скъæрæг нал фæцарæхстис уæзласæн сфæлдæхт æмæ автобусы ныццавдта.
Зианбаййафджыты фæхæццæ кодтой бынæттон рынчындонмæ. Сæ дыууæйы уавæр критиконæй уæззау у.