Коба Чоплиани-ныфс мæ ис,этникон æмæ религион къаддæрдæрты æмæ Æхсæнадон Телеуынынады минæвæртты æмгуыстадæй тагъд сырæздзæн иттæг нысаниуæгджын продукт
Проблемæ у, Гуырдзыстоны цæрджыты стыр хай, æндæр æмæ æндæр регионты цæрæг æмбæстæгтæ, бæстæйы цæугæ фæзындты фæдыл информацийы гуырдзиагæвзагон ратæдзæнтæй куы нæ исынц уæд – уый фæдыл адæмон хъахъхъæнæгы аппаратимæ архайæг националон къаддæрты советы коорднацигоæнæг Коба Чоплиани , загъта Фыццаг Каналы алæвæрды «Актуалон Темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ».
«Уый тыххæй дæр вакуумы баххæст кæнынц дам-думтæ, кæнæ та æндæр бæстæтæй райсгæ информаци. Уый у æмбæстагон интеграцийы куылымпыгæнаг фактор. Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй Æхсæнадн Телеуынынад, закоддæттынадæй райсгæ хæстæ æххæсткæнын абон активонæй райдыдта» – расидтис Чоплиани.
Уый ма бафтыдта,цæмæй интеграци æнæ æрмæст къаддæрдæрты æрдæм фæлæ ма фылдæрты æрдæм дæр хъуамæ уа здæхт, цæмæй фылдæртæ æмæ къаддæрдæртæ кæрæдзийы хуыздæр æмбарой.
«Алкæмæн дæр, æмбæрц бартæ æмæ хæстæ хъуамæ уа. Этносты æмæ религиты æхсæн уагъд рæдыдтыты амынæты нæ бæстæ абоны онг уæвы. Медиймæ та ис фадат сæххæст кæна эпохалон роль. Нæ хъуыдымæ гæсгæ æввахсдæр рæстæджы æрфидар кæндзыстæ Æхсæнадон Телеуынынадимæ архайæг консультацион совет, кæцыйы уæнгтæ уыдзысты этникон æмæ религион къаддæрдæрты минæвæрттæ. Ныфс мæ ис, уыдоны æмæ Æхсæнадон Телеуынынады æмгуыстадæй, иуыл тагъд сырæздзæн нысаниуæгджын продукт» – расидтис Коба Чоплиани.
Бакой уын кæндзыстæм, 16 нобры Гуырдзыстоны Æхсæнадон Теклеуынынады æмæ Гуырдзыстоны националон æмæ религион къаддæрдæрты минæвæртты æхсæн къухбафыст æрцыд æмкуысткæнынады меморандум.
Меморандуммæ гæсгæйæ, фæрстæ разы кæнынц, бирæмгъуыдон æмгуыстадыл æмæ нысанæй æвæрынц сæрибар, демокративон, æмбарджын, барадон паддзахады æмæ дзыллæйы арæзтады хъуыддаджы Гуырдзыстоны националон æмæ религион къаддæрты активон хайад райсын.