Коба Чоплиани-ныфс мæ ис,этникон æмæ религион къаддæрдæрты æмæ Æхсæнадон Телеуынынады минæвæртты æмгуыстадæй тагъд сырæздзæн иттæг нысаниуæгджын продукт
Коба Чоплиани-ныфс  мæ ис,этникон æмæ религион къаддæрдæрты æмæ Æхсæнадон Телеуынынады минæвæртты æмгуыстадæй  тагъд сырæздзæн иттæг нысаниуæгджын продукт

Проблемæ у, Гуырдзыстоны цæрджыты  стыр  хай,  æндæр æмæ æндæр регионты цæрæг  æмбæстæгтæ, бæстæйы цæугæ   фæзындты  фæдыл  информацийы  гуырдзиагæвзагон ратæдзæнтæй   куы нæ исынц  уæд – уый фæдыл адæмон хъахъхъæнæгы аппаратимæ архайæг   националон  къаддæрты  советы   коорднацигоæнæг Коба Чоплиани , загъта   Фыццаг Каналы  алæвæрды «Актуалон Темæ  Мака Цинцадзеимæ иумæ».

«Уый тыххæй  дæр вакуумы баххæст кæнынц дам-думтæ, кæнæ та  æндæр   бæстæтæй райсгæ информаци. Уый у  æмбæстагон интеграцийы  куылымпыгæнаг  фактор.  Иттæг  нысаниуæгджын у,  цæмæй  Æхсæнадн Телеуынынад,  закоддæттынадæй райсгæ  хæстæ æххæсткæнын  абон активонæй  райдыдта» – расидтис Чоплиани.

Уый ма бафтыдта,цæмæй  интеграци æнæ æрмæст  къаддæрдæрты æрдæм фæлæ ма   фылдæрты æрдæм дæр  хъуамæ уа здæхт,  цæмæй  фылдæртæ æмæ къаддæрдæртæ  кæрæдзийы   хуыздæр æмбарой.

«Алкæмæн  дæр, æмбæрц  бартæ æмæ  хæстæ  хъуамæ  уа.  Этносты  æмæ  религиты æхсæн   уагъд  рæдыдтыты  амынæты нæ  бæстæ абоны онг уæвы.   Медиймæ та ис фадат  сæххæст кæна   эпохалон роль.  Нæ  хъуыдымæ гæсгæ æввахсдæр  рæстæджы æрфидар кæндзыстæ  Æхсæнадон Телеуынынадимæ  архайæг  консультацион совет,  кæцыйы уæнгтæ уыдзысты  этникон æмæ религион къаддæрдæрты минæвæрттæ.  Ныфс мæ ис, уыдоны æмæ Æхсæнадон Телеуынынады  æмгуыстадæй, иуыл тагъд сырæздзæн  нысаниуæгджын продукт» –  расидтис Коба Чоплиани.

 

Бакой уын кæндзыстæм, 16 нобры  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Теклеуынынады  æмæ  Гуырдзыстоны националон  æмæ  религион къаддæрдæрты   минæвæртты  æхсæн  къухбафыст æрцыд  æмкуысткæнынады меморандум.

Меморандуммæ гæсгæйæ,  фæрстæ   разы кæнынц,  бирæмгъуыдон  æмгуыстадыл æмæ  нысанæй æвæрынц  сæрибар,  демокративон,  æмбарджын,  барадон паддзахады  æмæ  дзыллæйы арæзтады хъуыддаджы Гуырдзыстоны  националон æмæ  религион  къаддæрты  активон хайад райсын.