Кахи Каладзе- Гамгебелитæн уыдзынæн æнцой фæлæ тынг фæлгъауаг дæр
Гамгебелитæн кæддæриддæр уыдзынæн æнцой, фæлæ иурæстæгонæй тынг фæлгъауаг æмæ æмбæстæгты æрдæм уазалзæрдæ ахаст никæмæн фæбардзынæн – уый фæдыл Тбилисы ног мер Каха Каладзе, сæйраг сахарты районон хистæрты (гамгебелиты) ранæуæггонд сконды бавдысты рæстæджы расидтис.
«Ацы адæймæгтæ суыдзысты сахары, хицауады сæйраг æнцой тых Тбилисы районты æмæ сыхты. Гамгебелитæ æмæ гамгеобатæ æххæст кæнынц ахсджиаг роль конкретон проблемæты аскуыддзагы. Уый растæдр уыцы зылдтаг у, кæцы æрвылбононæй баст у æмбæстæгты проблемæты аскуыддзагимæ æмæ алцыппæт хъуцамæ саразæм, цæмæй гамгебелитæ æмæ гамгеобатæ эффективон куыст кæной. Мах тбилисæгтæн раттам конкретон дзырдлæвæрдтæ, бавдыстам сын программæ, кæцыйы 4 азы мидæг хъуамæ сæххæст кæнæм. Ме рдыгæй уын уыдзæн алыхуызæн æххуыс æмæ алы аууæлттæ хъуыддаг аразынæн, фæлæ уыдзынæн тынг домаг æмæ нæ фæбардзынæн ме æмбæстæгты æрдæм уазалзæрдæ ахаст. Уырнæг дæн дзыллæйы æххуысæй стыр æнтыстытæм баххæссдзыстæм. Уæ æнтыстытæ сты мæхи æнтыстытæ» – расидтис Кахи Каладзе.
Ног мер Тбилисы 10 районы гамгебелитæ бьавдыста. Нарманиайы къордæй сæ постытыл баззадысты 5 гамгебели. Вакейы, Дидубейы, Надзаладевы, Чугъуреты гамгебелиты Каладзе нал раивдта. Фæлæ сырæзт ивдтытæ – Сабурталойы раздæры гамгебели Бека Микаутадзе Глданмæ ахызт, йæ бынат бацахста Гайоз Васадзе, кæцы уæдмæ уыдис йæ хæдивæг. Æрмæст иннæ 4 районы та Кахи Каладзе къорды ног уæнгты бавдыста. Кърцъанис – Леван Джапаридзе, Мтацъминда – Давит Каркитадзе, Исани – Каха Лабучидзе, Самгоры – Давит Кереселидзе.