Евроцæдис  мæстыдзинад æвдисы,  оккупацигонд  Гуырдзыстоны регионты, Уæрæсейы æнæзакъонон æфсæддон уæвын  æмæ инфраструктурæйы фæтыхджындæр кæнын тыххæй
Евроцæдис мæстыдзинад æвдисы, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты, Уæрæсейы æнæзакъонон æфсæддон уæвын æмæ инфраструктурæйы фæтыхджындæр кæнын тыххæй

Евроцæдис райгонд  у  Европæйы  советы   генералон нымæрдары  16-æм  консолидацигонд  хыгъдлæвæрдæй – «Конфликт Гуырдзыстоны».

Евроцæдисы  делегаци  генералон нымæрдары 16-æм  консолидацигонд  хыгъдлæвæрдыл, «Конфликт Гуырдзыстоны»   публикаци скодта кодта  фидиуæн,   кæцыйы йæхирдгæй  хæлиу кæны  Гуырдзыстоны  фæсарæнхъуыддæгт министрад.

«Евроцæдис  ноджы иу хатт бæлвырд кæны  хъæддых  фарсхæцын   Гуырдзыстоны  хæдбардзинад, суверенитет æмæ территорион  æнæхъæдзинадæн йæ  æхсæнадæмонæй  нымадмæ ист  арæнты фæлгæтты. Евроцæдис  йæ  фарс хæцы  Гуырдзыстоны   сабырады æрфидар æмæ конфликты   аскуыддзаг кæнынæн.

Евроцæдис фауы  эффектджын   контролы æххæстгæнæг  тыхы рдыгæй,  Абхазийы æмæ  Цхинвалы  регионты  сæххæст архæйдтыты, кæцытæй хæлд цæуынц  бынæттон цæрджыты бартæ.  Евроцæдис мæстæйдзаг у, цæмæй  æнæкæсгæ   æхсæнадæмон дзыллæйы   иугæндзон æрсидтмæ,   бынатыл  уавæр  фыддæрæй фыддæрдæр кæны.  Евроцæдис мæстыдзинад æвдисы,  администрацион   арæны дæргъы  а.х. бордеризацийы   процессы  фæтыхджындæр кæныны  тыххæй,   æмæ нысан кæны  цæмæй   райрæзт фадыг,   кæцыйыл тыгъд сты  телтæй æмбондтæ, афтæдæр монтажгонд сты  цæтсдарæн камерæтæ  æмæ æндæр барьертæ. Ацы   контексты, сæрмагондæй  мæтæфтауæг у, Цхинвалы  регионы/Хуссар Ирыстоны   хъæу Эреды  хæстæй зиангонд  хæдзæртты  кæй  халынц уый,  афтæма хъусинæгтæ   регионы  æндæр хъæуты  раджы  æрцæугæ  скуынæгы фактытæ.

Евроцйæдис сиды  эффектджын  контрол кæмæн ис  уыцы  тыхмæ,  сыхала  алы  арæнæвæрд  администрацион  арæнтыл  сæрбарæй  змæлды тыххæй,  йæхи аиуварс кæна   æнæзаконон ахстытæй,   уый нымæцы а.х.  «æнæзакъонон арæнсæттыны»  контексты,  афтæма  йæхи бахиза этникон нысанæй  дискримиинацийы,  ногæй æрбайгом кæна   уауадзæн пунктытæ,  бынатыл равзара  алы  фыдракæнд  æмæ адæймаджы барты  хæлды фактытæ.  Ахуырады бар  хъуамæ уа  гарантиргонд алкæмæндæр, сæ нымæцы  оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионы Абхазийы, æмæ Цхинвалы  регионы/Хуссар Ирыстоны.  Евроцæдис æвдисы мæстыдзинады  дыууæдæр регионы  мадæлон æвзагыл  ахуыры райсын фадæттæ  кæй   фæфыддæр сты уый тыххæй.

Евроцæдис  хъусдард цырын кæны   тыхбын бынативгæ   уæнгты  барты  фарстыты  ИНО-йы  специалон  раныхасгæнæджы  хыгъдлæвæрдыл,  кæцыйы мидæг банысангонд у, цæрæнуатты райуæрстмæ гæсгæ  Гуырдзыстоны хицауады сæйраг  прогресс.

 

Мах райгонд стæм уымæй, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æнтыстджынæй  дарддæр кæны  тыхбын  бынативгæ  уæнгты   реинтеграцийы   фарсты  дæргъвæтин æмгъуыдмæ   аскуыддзаг.

Евроцæдис, дарддæр кæны  фарсхæцын оккупаицгонд Гуырдзыстоны  регионы  Абхазийы,   сæрмагонд æууæнкы  сногы æмæ  реагиркæнынады  мехнизмты фæрцы.  Евроцæдис сиды  Цхинвалы  регионы/Хуссар Ирыстоны  æнæкуылымпыйæ æххæст цæуой гуманитарон программæтæ.

Евроцæдис сиды  Уæрæсейы Федерацимæ, æнæхъæнæй  сæххæст кæна 2008 азы 12 августы  6 пунктджын бадзырд, 2008 азы  8 сентябры  имплементацион  мадзæлттæ æмæ срæвдз кæна, Евроцæдисы мониторингы миссийы регионтæм æруадзын.  Евроцæдис мæстыдзинад  æвдисы уымæй, цæмæй    секретариат  делегацийæн, мониторингы  органтæн, æмæ Европæйы советы  адæймаджы  барты  каомисарæн,  нæ раттой фадат, бацыдаиккой  оккупацигонд регионтæм.

Евроцæдис домы   адæймаджы барты  æхсæнадæмон цæстдарджыты æрдыгæй,  оккупаицгонд регионты  адæймаджы  барты  æрдгæй  уæвæг уавæры фæдыл хыгъдæлвæрд.

Афтæдæр  уагъд æрцæуой,  æмбæстагон дзыллæйы  кæнæ  хæдбар  экспертты  арызт аргълæвæрдты  фæстæ  мадзылттæ.  Евроцæдис  сиды Уæрæсейы Федерацимæ, срæвдз  кæна   оккупацигонд Гуырдзыстоны   регионты Абхази æмæ Цхинвалы  регионы/Хуссар Ирыстонмæ, Европæйы советы æмбæлон органты  бацыд, адæймаджы барты  советы  2017 азы  марты  ист резолюцийы (HRC/34/L.13) домæнмæ  æмбæлгæйæ» –  дзырдæуы  Евроцæдисы  делегацийы  фидиуæны.