Евроинтеграцийы паддзахадон министры аппарат баиу уыдзæн æддагполитикон уагдонимæ
Европаг æмæ евроатлантикон структурæтæм интеграцийы фарстыты паддзахадон министры аппарат баиу уыдзæн фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ.
Фыццаг каналы информацийæ Гуырдзыстоны хицауады план кæнынц структурон æмæ кадрон ивдтытæ.
Ацы ивындзинадмæ гæсгæ, энергетикæйы министрад экономикæйы министрадимæ ссиу уыдзæн, æрдзы хъахъхъæды æмæ æрдзон рексурсыты министрад та, экономикæйы æмæ хъæууон хæдзарады министрадтыл адих уыдзæн, спорты æмæ æрыгонон хъуыддæгты министрад ивд æрцæудзæн æмæ йæ иу хай ахиздзæн культурæйы министрадмæ, иннæ хай та ахуырады министрадимæ ссиу уыдзæн.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили, хицауады масштабон структурон æмæ кадрон ивдтыты фæдыл фидиуæн сом сараздзæн.
Ацы рæстæгмæ уæвæг информацийæ, плангонд у цалдæр министрады ссиу кæнын. Сæрмагондæй та 18 министрадæй ма баззайдзæн 13 миинистрад.