АИШ-ы президент Дональд Трамп Хуссар Кореямæ ныццыд æмæ уым дислоциргорд америкаг æфсæддон иугондты фембæлд.
Визиты фæлгæтты, кæцы æнхъæлцау Пхеньянимæ æндыгъд уавæры ноджы фылдæр фæкарз кæндзæн, Трмап Цæгат Кореяимæ арæнмæ сеппæтæй хæстæг дæр бацыд.
АИШ-ы президент æмæ фыццаг Леди, Сеулмæ хæстæг уæлдæфон базæмæ ныттахтысты. Трамптæн сæ размæ рацыдысты сырх гауыз æмæ кадджын хъарагъулимæ æмæ салюттимæ. Уый фæстæ та, АИШ-ы президет атахтис Хуссар Кореяйы дислоциргонд америкаг æфсæддæтты сеппæтæй стыр лагермæ.