Джеймс Меттисы æмæ Леван Изориайы фембæлд

Гуырдзыстоны  хъаххъæнынады министр Леван Изориа АИШ-æм официалон  визиты райдыдта   хъахъхъæнынады нымæрдар, Джеймс Меттисимæ  фембæлдæй.  Размæ рацыды  церемони уагъд æрцыд  Пентагоны,   кæцыйы фæстæ  коллегæтæ  фембæлдыл  дыууæ бæстæйы  æхсæн хъахъхæнынады  сферæйы  æмгуыстады   фæтынгдæр кæныны  æмæ  регионон æдасдзинады  фарстытæ æркастысты. Фембæлдыл Леван Изориа  АИШ-ы  хъаххъæнынады  нымæрдарæн, политикон  æмæ   практикон  фарсхæцыны тыххæй  бузныг  загъта.

Джеймс Метис æвæрццаг аргъ скодта  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  уагдоны цæугæ  реформæтæн.

Джеймс Метис ноджы иу хатт   æрымысыд  АИШ-ы вице-президенты Тбюилисы арызт фидиуæн – «Америкæ  Гуырдзыстоны фарсмæ лæууы». «Ацы  дзырдлæвæрды фидар кæнынц нæ бæстæты  иуæймаг  аргъдзинæдтæ – суверенитет, территорион æнæхъæндзинад æмæ æгъдауыл бындурæвæрд   æхсæнадлæмон фæткъæвæрдæн кад» – расидтис АИШ_ы  хъахъхæнынады нымæрдар.