Гуырдзыстоны хъаххъæнынады министр Леван Изориа АИШ-æм официалон визиты райдыдта хъахъхъæнынады нымæрдар, Джеймс Меттисимæ фембæлдæй. Размæ рацыды церемони уагъд æрцыд Пентагоны, кæцыйы фæстæ коллегæтæ фембæлдыл дыууæ бæстæйы æхсæн хъахъхæнынады сферæйы æмгуыстады фæтынгдæр кæныны æмæ регионон æдасдзинады фарстытæ æркастысты. Фембæлдыл Леван Изориа АИШ-ы хъаххъæнынады нымæрдарæн, политикон æмæ практикон фарсхæцыны тыххæй бузныг загъта.
Джеймс Метис æвæрццаг аргъ скодта Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады уагдоны цæугæ реформæтæн.
Джеймс Метис ноджы иу хатт æрымысыд АИШ-ы вице-президенты Тбюилисы арызт фидиуæн – «Америкæ Гуырдзыстоны фарсмæ лæууы». «Ацы дзырдлæвæрды фидар кæнынц нæ бæстæты иуæймаг аргъдзинæдтæ – суверенитет, территорион æнæхъæндзинад æмæ æгъдауыл бындурæвæрд æхсæнадлæмон фæткъæвæрдæн кад» – расидтис АИШ_ы хъахъхæнынады нымæрдар.