Давит Залкалиани – Уæрæсейы Федераци Европæйы советы ацы хатт дæр иунæгæй баззад
Иунæг бæстæ, кæцы не сразы ис Европæйы советы генералон ныæрдар, Торнбьорн Ягланды консолидацигонд хыгъдлæвæрдимæ «Конфликт Гуырдзыстоны», уыдис Уæрæсейы Федераци – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Давит Залкалиани, Фыццаг Каналæн, хъылгълæвæрды касты фæстæ расидтис.
Министры хæдивæгы ныхæстæм гæсгæ, хыгъдлæвæрд райста позитивон аргъгæндтæ, афтæдæр позитивон аргъгæндтæ айзæлд гуырдзиаг фарсы раныхасыл Евроцæдис æмæ ассоциацигонд бæстæты минæвæртты рдыгæй.
Залкалиани куыд дзуры афтæмæй, рабадтыл делегаттæ бафаудтой оккупацигонд территоритыл архайæг уавæр æмæ Уæрæсемæ æрсидтысты, сæххæст кæна 2008 азы химæ цы хæстæ райста уыдон, фæстæмæ акæна йæ фсад оккупаицгонд территоритæй.
Министрты хæдивджыты комитеты рабадтыл бавдыст документ, Давит Залкалианийы дзырдæй, нысаниуæгджынæй хицæн кодта уалдзæджы публикацигонд консолидацигонд хыгъдлæвæрдæй, сæрмагондæй та уымæй, æмæ ситуаци оккупаицгонд территоритыл, банкъаринагæй фæфыддæр ис.
Торнбьорн Ягланды 16-æм консолидацигонд хыгъдлæвæрд- «Конфликт Гуырдзыстоны», кæцымæ абон байхъуыстой Европæйы советы, хъусдард здæхт æрцыд, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адсдзинады, адæймаджы барты æмæ гуманитарон цæстæнгасæй архайæг уæззау уавæры æрдæм. Афтæма этникон гнуырдзиæгтæн, мадæлон æвзагыл ахуыры фæтобæйы фактытыл, хыгъдлæвæрды хаххгондæй банысан сты ахæм фарстытæ, цахæмдæр сты Эреды хъæуы гуырдзиæгты сæрмагонд хæдзæртты скуынæгы фактытæ, ауадзæн пунктыты æрæхгæд, а.х. бордеризаци, змæлды сæрибардзинады арæнæвæрд, этникон нысанæй хъомыс дарын æмæ æндæр хуызы проблемæтæ.