Гуырдзыстоны Беларусы культурайы бонтæ сырæздзысты
Гуырдзыстоны Беларусы культурайы бонтæ сырæздзысты

Гуырдзыстоны 16-17 ноябры Беларусы культурайы бонтæ сырæздзысты. Гуырдзыстоны культурайы æмæ цыртты хъахъæды министрады информацийæ, мадзалты организатор Беларусийы минæварад у. Культурайы бонты бæрæгбонон баконды церемони æмæ гала-концерт, 16-æм ноябры 19-00 сахатыл Шота Руставелийы номыл паддзахадон академион театры сырæздзæн. Мадзалы хайад райсдзысты Беларусийы паддзахадон хореографион ансамблтæ «Xорошки» æмæ  «Песняры», артист Алена Лански, опера æмæ балеты стыр Националон-академион театры артист Владимир Громов æмæ «Евровизи 2017»  уæлахизгонд Хелена Мерай. Беларусы культурайы бонты фæлгæтты плангонд алы мадзалы хайад райсын сæрибар у.