Гиорги Къвирикашвили: Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаг иумæйаг стратегион проектты æнтыстджын сæххæсты
Гиорги Къвирикашвили: Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаг иумæйаг стратегион проектты æнтыстджын сæххæсты

Абон официалонæй æрбайгом  кодтам   Баку-Тбилис-Хъарсы  æфсæнвæндаг,  кæцы  иуæймаг стратегион  проектыты  æнтыстджынæй  сæххæсты   сеппæты хуыздæр  дæнцæг у – уый фæдыл  Гуырдызстоны  премьер-министр Гиорги Къвирикашвили   Бакуыйы    æфсæнвæндаджы æрбайгомы официалон церемонийыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы  загъта.

«Нæ абоны æмбырд    нæ бæстæты  æмæ æнæхъæнæй регионæн сегасæй  нысаниуæгджындæр фæзынды нывонд у. Фыццаджы дæр   мæ фæнды бузныг зæгъон  Президент Алиевæн ацы нысаниуæгджын  мадзалы  афтæ бæрзонд  æмвæзадыл ауадзыны  тыххæй æмæ хæлар бæстæты лидерты фæхоныны тыххæй,  кæцы  нæ иумæйаг  хъуыдыты æмæ  интересты  сегасæй  хуыздæр демонстраци.   Спайда кæндзынæн моментæй æмæ   президент Эрдогъанæн нæ æфсымæрон  туркаг адæмæн  раарфæ кæндзынæн   Республикæйы  боны националон бæрæгбон.

Туркимæ, Азербайджанимæ æмæ  Гуырдзыстонимæ иумæ,  церемонийы  Хъазахстаны æмæ Узбекистаны   премьер-министрты   хайад, афтæдæр   хицауады уæнгты  Туркменистанæй  æмæ таджикистанæй,  ууыл  амоны,  цæмæй  фæнысангонд проект  иттæг нысаниуæгджын у, афтæма æвдисы  куыдзæрдæмдзæугæ   ис гæнæн уа  ацы проект  æмæ йæ стратегион нысаниуæг дæр рæзын кæны» – расидтис Гиорги Къвирикашвили.

Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй,  абон, уыцы рæстæджы  регион  æмæ  дуне  бирæ сидты æмæ тасы  раз куы лæууынц  уæд,   диссаг нæу, цæмæй   нæ бæстæты  тынгадыл, уый нымæцы  экономикон æмæ базарадон  цæдисты   фæфидардæр кæнын æмæ   ауæрæхдæр кæныныл,  афтæма   ардыгæй рацæугæйæ, стабилондзинадыл ориентацигонд проект  аййас  стыр  хъусдард кæй  æздахы йæхимæ.

«Нæ бæстæты гео-стратегион  равæрд,  нындæтты  уникалон   фадат,   суæм Европæ æмæ  Азийы  иугæнæгæй. Уый тыххæй дæр,   уырнæг дæн,  ног æфсæнвæндагон  хахх   нысаниуæгджынæй  фæивдзæн  уæвæг   экономикон   реалондзинад  æмæ  нын тынгады  бынтон ног  аууæлттæ  сæвзæрын кæндзæн, æнæ æрмæст нæ регионы  -фæлæ ма  йæ  фæлгæтты æддæйæ».

Гуырдзыстоны премьер –министры ныхæстæм гæсгæ,   ног æфсæнвæндагонд хаххы  æскуыстæй,  баахъаз уыдзæн   йемæ цæуæг инфраструктурон  тынгад,  фенцондæр уыдзæн   ног базарты æрхион кæнын  æмæ  баахъаз уыдзæн туризмы æмæ   бакусæн секторты   тынгад, сæвзæрдзысты æфтауцæй куыстбынæттæ,  кæцы нæ регионы  æнæцудгæ  экономикон тынгады æмæ размæцыды  бындур у.

Æхсæнадæмон уаргъты  транспортацийы  стимулирдзинад ы æмæ  базарадон-экономикон  ахастыты  фæарфдæр кæныны  æрдыгæй,   нæ бæстæ  стыр нысаниуæг дæтты  ног транспортон  инфраструктурон проектыты  сæххæстæн,   уæвæг  проектыты  модернизаци æмæ  сæ  эффективон куыстæн.

Æфсæнвæндаджы  арæзтады  æмæ  модернизациимæ иумæ,  мах кæй  зæгъын æй хъæуы,   хуыздæр кæнæм спортивон   инфраструктурæ,   афтæдæр  егъау инвестицитæ  æвæрæм  фæндагон инфраструктурæйы,  кæцы йæ  хъуыдыйы дары  Гуырдызстоны фадыгыл  транзитон  кæлидорты   4  хаххджын магистралы  арæзтад» –   банысан кодта  Гиорги Къвирикашвили.