Гиорги Квирикашвили байгом кодта Квишхет-Зварейы иугæнæг æфсæнвæдагон тунел
Квишхет-Зварейы иугæнæг æфсæнвæндагон тунелы арæзтад фæцис. Тунелы байгомы церемонийыл уыдысты, премьер-министр Гиорги Квирикашвили, Гуырдзыстоны æфсæнвæндагы инфраструктурæйы директор Васил Хорава, æфсæнвæндаджы раздæры къухдариуæггæнæг æмæ контрактор китайаг компанийы минæвæрттæ.
Æфсæнвæндагон хайы Фæскавказы сеппæтæй даргъ тунел у æмæ йæ дæргъ æххæссы 8.5 километрмæ. Арæзтад сæххæст ис æфсæнвæндаджы модернизацийы проекты фæлгæтты æмæ дыууæ рельсджын, кæрæдзийæ хицæн дыууæ тунел æрцыд амад.
Тунел Тбилисæй Батумы æрдæм балцы рæстæг иу сахатæй фæцыбырдæр кæндзæн, афæдзон уаргъты зилдух та 48 милуан тоннæ уыдзæн.
Проекты фæлгæтты, арæзт æрцæудзæн æхсæз ног тунел, æмæ цыппары та ногæй рацалцæг кæндзысты.
Тунелы арæзтад сбаддис 260 милуан швейцариаг франкъ æмæ уый æнæхъæнæй сфинанс кодта Гуырдзыстоны æфсæнвæндаг.
Тбилис-Махинджаурийы æфсæнвæндагон магистралы арæзтад 2011 азы райдыдта æмæ 2019 азы фæуыдзæн.