Виктор Долидзе - Евроцæдисимæ дыууæрдæм змæлды фыццаг 6 мæйы статистикæ ныфсдæттæг у
Евроцæдисимæ дыуæрдæм змæлды фыццаг æхсæз мæййы статистикæ ныфсдæттæг у æмæ проблемæ нæй – уый фæдыл Европаг æмæ евроатлантикон структурæтæм интеграцийы фарстыты паддзахадон миинстр Виктор Долидзе, хицауады рабадты фæуды фæстæ расидтис.
Виктор Долидзе куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны хицауад кусы, цæмæй адæймæгты æмбаргæдзинад сбæрзонддæр уа æмæ æнæвизæ змæлды фæткъæвæрд бахъахъхæной.
«Европолимæ» нын æцæгæйдæр нысаниуæгджын, хъауджыдæргонд æмкуыстдзинад ис. Уыцы адæймагæты , кæцытæ Шенгены зонæмæ араст вæййынц æмæ стæй та Шенгены зонæйæ, кæнæ æндæр ардæмадæй æрыздæхынц, кæнæ бынтон нал æрыздæхынц фæстæмæ, ахæм адæймæгты æххæст идентификаци скæнын иу не нтысы. Фæлæ мах бахъом стæм, цæмæй фыццаг 6 мæйы статистикæ æрымбырдл кодтам, æмæ уый ныфсдæттæг у. Кусæм фидæны кампанийы сплан кæнын, афтæдæр сæххæст цæстæнгасæй, цæмæй адæймагæты æмбаргдзинад сбæрзонддæр кæнæм, æмæ мауал халой æнæвизæ змæлды фæткъæвæрд, ма æркурой лигъдоны статус, уымæн æмæ Гуырдзыстон ныридæгæн нымадмæ ист æрцыд æдас бæстæйыл æмæ нæхицæн проблемæтæ ма сæвзæрын кæнæм. Ныфс мæ ис цæмæй не мбæстæгтæ уыдзысты æмбаргæ æмæ кæд ацы процесс афтæ адарддæр уыдзæн, куыд амæй размæ, уæд уæ бауырнæт, цæмæй æрмæст баахъаз кæндзыстæм Евроцæдисимæ нæ мобилондзинады райрæзын кæнын»- загъта Виктор Долидзе.