Бритайнаг прессæ - Гуырдзыстон фæтыхджындæр кодта Æхсæз Нацийы турниры организатортыл æлхъывд
Уэльсы æмæ Гуырдзыстоны тест-матчы фæстæ, Бритайнаг прессæйы аргълæвæрд æрхæццæ ис иу сæйраг хъуыдымæ – Гуырдзыстон ноджы фылдæр баввахс ис Æхсæз Нацийы турнирмæ.
BBC
«14 ног регбистæй Уэльсы фæндыд æнцонтæй рамбулын æмæ уымæй тæлмæн скæнын Ног Зеландиимæ матчы размæ, фæлæ Уоррен Гетландæн йæ эксперимент фæкъуыхцы ис».
«Гуырдзыстоны æмбырдгонд, кæцы рейтингы Италийæ уæлдæр лæууы, йæ хъорз хъазтæй фидардæр кæны йæ æркуырд Æхсæз Нацийы турнирмæ æруадзыны фæдыл».
Daily Mail
«Гуырдзыстоны æмбырдгонд матчы эпизодты ныссæста Уэльсы æмæ дыккаг таймы тынг æнтыстджынæй хъазыд хъæхъхъæды рæстæджы.
Æнæкæсгæ фембылдмæ, Гуырдзыстоны æркуырд Æхсæз Нацийы турнирмæ руадзыны фæдыл, ноджы хъæрæй дæр айзæлдис».
The Telegraph
«Гуырдзыстон хæстæг уыдис регбийы историйы дыккаг стыр сенсацимæ (фыццаг уыд 20156 азы дунейы чемпионатыл Япони Хуссар Африкæйæн куы рамбылдта уый)
«Ацы матчы фæстæ райрæзтис æхълывдад Æхсæз Нацийы турниры организатортыл».
«Уэльс тынг тагъд хъуамæ ферох кæна ацы уæлахисдзинад æмæ ахъуыды кæна Ног Зеландиимæ матчыл».
«Раздæры советон бæстæ, фæстаг 10 азы мидæг стыр прогресс равдыста æмæ ныр, реалонæй тох кæны Цæгат æрдæгсферæйы регбийы элитамæ баиу кæныны тыххæй. Амбицион гуырдзиæгтæ хорз пайда кæнынц тест-матчыты хуызæй лæвæрд шансытæй».
«Алкæмæй стыр скептик дæр никуы ахъуыды кодтаит, цæмæй Уэльс афтæ тухæн кодтаит йæ уæлахисдзинад химæ æруадзынæн».
Кардифы, Уэльсы сæйраг стадионыл, Уэльс-Гуырдзыстоны регбийы матч фæцис хыгъдæй 13:6.