Батумы 23 экомигрант-бинонтæн хæдзæрттæ адæттой
Батумы 23 экомигрант-бинонтæн хæдзæрттæ адæттой

Стихийы фæстиуæг æндæр æмæ æндæр рæстæджы æнæхæдзарæй баззайгæ 23 экомигрант бинонтæн, Батумы сæрмæмулкъмæ хæдзæрттæ байуæрстой. Фатертæ ремонтгонд сты æмæ алы æппæтæй ифтонггонд.Объекты амадæн, паддзахадон бюджетæй милуан 432 мин 788 лари бахардз. Хæдзæрттæ экомигрантæн Аджарийы хицауады сæрдар алæвæрдта. Зураб Патарадзейы расидæнмæ гæсгæ регионы социалон проектты реализаци адаргъ уыдзæн. Социалон хæдзæртты лæвæрды паралелонæй, Аджарийы хицауады программайæ 2016-æм азæй абоны онг, 150 экомигрант бинонтæн баххуыс кодта, алы бинонтæн 25 мин лари рахицæн ис.