Арнольд Степанян - Æхсæнадон Телеуынынады ног стратегий баххуыс кæндзæн этникон фылдæртæн, этникон каддæрты тыххæй фылдæр информаци райсой
Арнольд Степанян - Æхсæнадон Телеуынынады  ног стратегий баххуыс кæндзæн этникон фылдæртæн, этникон каддæрты тыххæй  фылдæр информаци райсой

Æхсæнадон Телеуынынады  ног стратегий ахъаз  уыдзæн этникон фылдæртæн, фылдæр информаци райсой этникон къаддæрты тыххæй –  уый фæдыл «Бирæнацион Гуырдзыстоны»  гамгеобайы сæрдар, Арнольд Степанян, Фыццаг Каналы алæвæрды «Актуалон Темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ».

Степанян этникон къаддæрдæрты  интеграцийы нысаниуæгыл  фæныхас кодта æмæ  загъта, цæмæй  стыр рæдыд уыд, ацы афонмæ  этникон къаддæртимæ ныхас уыдис интеграцийыл фæлæ  ницы дзырдæуыд уый фæдыл цæмæй кææцы æрдæм æмæ кæм хъуамæ  æрцæуа ацы  интеграци.

«Уыдонимæ  реалонæй ничи куыста. Махмæ модель дæр нæй, цæмæй цы типы  дзыллæ  саразын нæ  фæнды уый.  Турчы, Хъазахстаны, Швейцарийы модель, æви   æндæр, ног модель агурæг стæм?  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  мах хъуамæ рацагурæм нæхи сæрмагонд   модель,  кæцыйыдæр алчи уыдзыстæм   æмсæр.  Абон адæймæгтæ  æндæр бæстты  информацион фæрæзтæм æсынц.  Махæн  этникон къаддæрдæрты  фондзсæдæ минæвар ис  кæцытæ арæнгæрон ццæрынц, æмæ гуырдзиаг æвзаг нæ зонынц. Уыдон политиконæй  интеграцигонд не сты. Зюгановы тыххæй фылдæр  зонынц,  зæгъæм нæхи бæрзонд рангы политикимæ  абаргæйæ» – расидтис Степанян.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  ног стратегий, кæцы Æхсæнадон  Телеуынынадмæ ис,  баахъаз кæндзæн  этникон фылдæрты,  фылдæр информаци  райсой  этникон каддæрты фæдыл.

«Реалонæй регионты   гуырдзиаг æвзаг  сын нæ  сахуыр кодтам,  уымæн æмæ адæймгæтæн нæ дæттæм стимул.  Адæймагæн  та  стимул иттæг нысаниуæгджын у.   Ацы стимул сын хъуамæ  сæвзæрын кæнæм  телеуынынады  фæрцы  æмæ ацы  хуъыддаджы  Æхсæнадон Телеуынынады  роль хъуамæ уа сегасæй егъау дæр. Цæмæндæр кæддæриддæр афтæ уыдис æмæ  иу нæ  хъуыддагы аразын райдыдтам æртыккаг кæнæ цыппæрæм къахдзæфæй.   Мæнмæ  гæсгæ ерын мах раст райдыдтам,  дзыллæимæ активон   дискуссимæ куы ахызтыстæм уæд.  Хъуамæ аскуыддзаг кæнæм,  куыд хъуамæ  сырæза  æхсæнады консолидаци.  Уый тыххæй дæр  æнæмæнгхъæугæ  у телеуынынад  æмæ абон,  Æхсæнадон Телеуынынадимæ райдайгæ   æмгуыстад  у  уыцы къахдзæф,  кæцы тынг  хъæугæ уыдис æмæ кæцыйæ цух уыдыстæм, фæстаг 15  азы дæргъы»  загъта Арнольд Степанян.

Бакой уын кæндзыстæм, 16 нобры  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Теклеуынынады  æмæ  Гуырдзыстоны националон  æмæ  религион къаддæрдæрты   минæвæртты  æхсæн  къухбафыст æрцыд  æмкуысткæнынады меморандум.

Меморандуммæ гæсгæйæ,  фæрстæ   разы кæнынц,  бирæмгъуыдон  æмгуыстадыл æмæ  нысанæй æвæрынц  сæрибар,  демокративон,  æмбарджын,  барадон паддзахады  æмæ  дзыллæйы арæзтады хъуыддаджы Гуырдзыстоны  националон æмæ  религион  къаддæрты  активон хайад райсын.