АИШ-ы базарадон палатæйы президент- «Анаклиайы порты» проект иттæг ахсджиаг у Гуырдзыстонæн æмæ æнæхъæнæй регионæн
«Анаклиайы тынгады консорциумы» æмæ Гуырдзыстоны АИШ-ы базарадон палатæйы минæвæртты фенмбæлдыл, сæйраг темæ уыд, Анаклиайы нысаниуæг æмæ порты фидæны плæнттæ.
2017 азы 20 декабры Анаклиайы порты сурзæххон арæзтадон куыстытæ райдайдзæн. Арæзтадмæ бацæттæгæнæн этап та 2016 азы райдыдта æмæ ацы периоды сыххæст ис æндæр æмæ æндæр куыстытæ æм проектытæ. Æрцæттæ æмæ сбæлвырд ис Анаклиайы æрфдойнаг порты генералон план. Райдыдта куыст сахар Анаклиайы æмæ специалон экономикон зонæйы рапарахатыл, кæцыйæн компани «Анаклиа Сити» кухдариуæг кæны. Æрцæттæ ис Анаклиайы наулæууæны развæлгъау дизайн. Афтæдæр æрцæттæ ис Анаклиайы порты проекты æрдзыл ахадындзинадæн аргъгæнæг документ.
«Анаклиайы порты æмæ Анаклиа Ситийы» проект иттæг ахсджиаг у Гуырдзыстонæн æмæ æнæхъæнæй регионæн. Уымæй нæм лæвæрд цæуы фадат, цæмæй уааргъы аласын Европæмæ, сыххæст уа денджызы фæрцы» – райхъусын кодта АИШ-ы базарадон палатæйы президент Майкл Каугилл.